Обновлено: 11.03.2023
Самые популярные переводы слова мама в словаре русский — осетинский: гыцци, мад, мадӕ . В контекстных переводах слова мама есть как минимум 201 переведенных предложений.
переводы мама
гыцци
Вскоре после этого у мамы обнаружили рак, и она умерла.
Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ мӕ мад ракӕй фӕрынчын ӕмӕ амард.
Less frequent translations показать скрыть
Словарь картинок
Подобные фразы
Примеры
Мы с Евой прослужили в Африке несколько лет, но однажды я получил письмо от моей мамы, в котором она сообщала, что отец умирает от рака.
Сӕйраг хайады агъуысты сӕрӕй Нью-Йорчы наулӕууӕн ӕмӕ, арв ӕмӕ зӕхх кӕм баиу вӕййынц, уыцы хахх афтӕ рӕсугъд зынынц, ӕмӕ сӕм адӕймаг кӕсынӕй не ’фсӕды.
Скоро и детям пора спать. А у кого это ссадины на коленях? Сейчас мама быстро смажет их оливковым маслом.
Уӕдмӕ-иу сывӕллӕттӕн хуыссын афон ӕрхӕццӕ. Искӕмӕн-иу йӕ уӕрагыл цъӕррӕмыхст куы уыд, уӕд-иу ын ӕй мад оливӕйы сойӕ байсӕрста.
Мое желание делиться с другими надеждой на будущее становилось все сильнее, и в марте 1940 года я с мамой крестился в Дувре.
До познания истины она посчитала бы это счастливой находкой, но, посоветовавшись с мамой, она решила отнести его в полицию.
Цалынмӕ Библи ахуыр кӕнын нӕ райдыдта, уӕдмӕ йӕ зынаргъ лӕварыл банымадтаид, фӕлӕ йӕ мадимӕ куы аныхас кодта, уӕд сфӕнд кодта, пъӕлицӕмӕ йӕ кӕй ахӕсдзӕн.
Размышляя над этим с практической точки зрения, можно было бы принять во внимание вот что: в чем мама действительно нуждается?
Зӕгъӕм, дӕ ацӕргӕ мадӕн иунӕгӕй цӕрын зын у ӕмӕ хъуыды кӕныс, зӕгъгӕ, мемӕ куы цӕра, уӕд ын ӕнцондӕр уыдзӕн.
Ныййарӕгӕн йӕ сывӕллоны хуымӕтӕг лӕвар куыд ӕхсызгон вӕййы, афтӕ Йегъовӕ дӕр тынг фӕбузныг вӕййы, куы йын радтӕм, нӕ бон хуыздӕрӕй цы у, уый
Из-за таких различий мама до самой смерти сталкивалась с постоянными издевательствами со стороны родственников моего отца.
Мӕ мад ӕндӕр ранӕй кӕй уыд ӕмӕ ӕндӕр ӕвзагыл кӕй дзырдта, уымӕ гӕсгӕ йӕм мӕ фыды бинонтӕ йӕ мӕлӕты онг ӕвзӕр цӕстӕй кастысты.
Это мероприятие посвященное дню матери. Мы должны любить и уважать родителей.
Уæ бонтæ хорз æмæ уыл хъæлдзæг бонтæ цæуæд нæ зынаргъ ахуыргæнджытæ, ныййарджытæ, уазджытæ, хæлæрттæ.
Абон нæ бæрæгбон,
Абон нæ цины бон,
Мад! Хæрз цыбыр дзырд, фæлæ дзы æппæт дуне дæр бацæудзæн. Зæххыл мадæй зынаргъдæр ничи ис. Мадæй хуыздæр ничи бамбардзæн сабийы зæрдæйы рисс.
Мад! Уыимæ баст сты нæ царды рæсугъддæр бонтæ, нæ зæрдæты æхсызгондæр мысинæгтæ. Кæд зæххыл нæй, фæлæ, уый буц даргæйæ, уымæн ирон рæсугъд æгъдау дæтгæйæ, бамбарæн ис, цы у амонд. Тæхудиаг у уыцы кæстæр, йæ хистæры буц дарын чи зоны æмæ афтæмæй адæмы æхсæнмæ рухс цæсгомæй чи цæуы.
Ехх уæдæ, удæн куыд вæййы æнцон,
Хур ныл куы скæсы дзæбæхæй.
Æмæ куыд хорз у, дæ уарзон бæлццон
Кæрты куы рхиза йæ бæхæй
Цæстытысыгæн цæй уромæн ис ?!
Зæрдæ куы рухс кæна иугæр
Мады фæндиагæй ма фенут низ
Мадæй уæ ма схъыг уæд уæ иу дæр !
Судзгæ цæссыгтæй , мæ хуртæ, ут хызт
Макуы мын фенут зæрдæниз.
Иугæр ыстыр цинад риуы ныххызт,
Уый та æнустæм цæрдзæнис.
Иунæг цæстысыг дæр мастæн у фаг,
Мады зæрдæйæн æгæр у.
Риуы æхсидгæ цæхæр у.
Мад ма сымахæй кæмæн у æгас,
Уымæ куыд кæнын тæхуды.
Мад у сæумæрайсом хуры ыскаст,
Æмæ дам мидбылты худы.
Мад дын куы ратдзæн йæ уд æмæ цæст.
Мадæн йæ хъæбул зынаргъ у.
Мады рæвдыдæй ут уе ‘ппæт æфсæст,
Мад нын æнусон цырагъ у!
Мад – царддæттæг. Хæрзконд, фæлмæнзæрдæ, уды рæсугъддзинад. Уыдон иууылдæр мады лæвæрттæ сты. Мад сæ куы нæ ратта, уæд уыцы хорздзинæдтæ тыгъд быдыры ссаргæ не сты. Мады уарзондзинадæй сæ удтæ хъæздыг кæмæн сты, уыдонæй рæсугъд у цард дæр.
7-9. Уазæгуаты Къæбæдамæ
25-27. Кæдæм цæут?
34-36. Кæс, хъус, хъаз!
37-39. Хистæртæн кад кæнут!
40-42. Бын, раз, фæстæ, цур – махимæ сæ ды дæр дзур!
43-44. Фæлхат кæнæм
45. Цы зонæм, уый бæрæг кæнæм (тесттæ)
уарзондзинад ратты йæ хъæбултæн, йе’ суинаг стъалытæн. Фæлæ, хъыгагæн, ныййарджыты зындзинæдтæ цотæй иутæ нæ бамбарынц, аккаг аргъ ын не скæнынц йæ фыдыбонæн.
Кæй арфæтæ сты уыдон. Чи нын фæисы йæхимæ нæ рис, нæ тухитæ? Чи ‘рхæссы нæ сæрыл йæ сæр нывондæн! Мад! Ныййарæг мад! Бæстыл æмбал кæмæн нæй, уыцы фæлмæнзæрдæ мад! (Сæ рæзты æрбахызтысты цалдæр æрыгон адæймаджы цыдæр æнахуыр дарæсы æмæ бацыдысты сыхæгты хæдзармæ. Уалынмæ райхъуыст цавæрдæр фæсарæйнаг музыкæ. Зæлинæ джихауæй аззад, стæй цымыдисæй Азаумæ бакаст).
Зæлинæ: — Мæ хæдзар! Уый та цавæр музыкæ у?
Азау: — Ма тæрс, дæ хуыз куы аныхъуырдтай. Уый мæнæ нæ сыхæгтæ сты, Гуыдзиаты ахболы сахъгуырд Азанбеджы музыкæ та у.
Ацы Гуыдзиаты диссаджы хорз бинонтæ уыдысты, æгъдауджын, кадджын куыстуарзаг. Адæм-иу сæм хæлæг кодтой. Сæ чызг æмæ хистæр лæппу – адæмæн уарзон, фæлæ йæ кæстæр Азæмæт куы рахъомыл, уæдæй нырмæ сæ Хуыцау ралгъыста, арвæй сæм иу хъугдзармы бæрц нал зыны. Сæ маст сæ сæрты кæлы, сæ цард зындон фестад.
Зæлинæ æмæ Азау ацыдысты. Азæмæты музыкæ дардыл нæры. Йе ‘мбæлттимæ йæ рæстæг æрвиты, сæ разы хæринаджы дзæбæх, равзæргæ нозт, пъæртт кæнынц хъылма, ныххæцыдысты æнæгъдау митыл…
Ахбол (бады кæрты бандоныл):
О, Фæрнион! (Уый йæм æрбаввахс) Мæнæ цы диссаджы уавæры стæм! Цы ракодтам Хуыцауæн? Цæмæн нын радта ахæм фырты? Куы нæ худинаг кæны, адæммæ акæсын куынæуал уæндæм, уæд афтæмæй куыд цæрдзыстæм?
(Фæрнион фæхъуыста йæ лæгмæ, стæй йæ сæр аххосджынау дæлæмæ æруагъта. Иу афон Азанбег кæртмæ рахызт, фыд дæр бадти уым).
Ахбол: — О, мæ фырт, æввахс ма мæм рацу. Уый цавæр цардыуаг у? Хорз æмæ æвзæр æппын нал хицæн кæныс? Худинаджы къубал бынтон аскъуыдтой æви? Ацы дæлимонтимæ дæхи цæмæн сбастай? Кæм сæ ссардтай? Цæмæн цæуынц ардæм, мæ хæдзар хынджылæггаг у? Цы ми ма дын бакæнон, цы дын нæ фаг кæны, зад хуымы дын хизын нæ фидауы?! Уæдæ ахæстоны дæр бадтæ, уæд дын бамбарын афон нæма у? Ныууадз дæ нуазт, адæмы хъæр бамбар!
Азамбег: — Чи дæ фæрсы! Цæуыл дзурыс?! Дæ къус кæм нæй, уым дæ уидыг ма тъысс, науæд…
(Азамбег йæ къух фæхъил кодта. Æрцыд йæ фæдыл).
Фæрнион: — Мæ къона куыд байхæлд!
Азамбег: — Æна, æнцад, куы нæ лæууай, уæд дзы дæуыл дæр æрхаудзæн! (Азамбег йæ къухтæ кæрæдзийыл ацагъта æмæ уатмæ бахызти йæхицæй разыйæ).
Фæрнион: — Мæнæ цы дыссæгтæ уынын, мæнæ мæ сæр зæронды ‘рдæм цытæ баййæфта! Мæнæ калмы мæ зæрдæйы бын куыд фæхастон! Мæнæ цы фыдбылыз схъомыл кодтон! Мæ хæдзар фехæлд! Мæ фыртыл фæтых сты арахъ æмæ цавæрдæр хъылма, уыдон махæй тыхджындæр разындысты.
Мæнæ стыр диссæгтæ!
Куыд ис уый гæнæн æмæ фырт йæ къух сиса йæ фыртмæ! (Фехъус ис, стæй арф ныуулæфгæйæ): — Нæ, нæ, а-зæххыл дæуæн цæргæйæ нал у. Ничи мын æй ныббардзæн, лæгмары, мæ фæстæ ныууадзон, уый. (Мад æдзынæгæй алæууыд, стæр зыр-зыргæнгæ хъæлæсы уагæй загъта).
Зæлинæ: — Ахæм карз тæрхон рахаста мад йæ фыртæн. Уый ныййарæджы тæрхон у æмæ раст тæрхон у. Йæ фыдмæ йæ къух чи систа, йæ фыды мæрдтæм чи барвыста, уыцы хъæбул æмæ уый хуызæттæ а-зæххыл хъуамæ ма цæрой.
Æппæт ныййарджытæ, æппæт адæм дæр уыцы фарстамæ хъуамæ иухуызон цæстæй кæсой. Арф хъуамæ ныхъхъуыды кæной, кæй æмæ цæй аххосæй слæууыдысты нæ фæсивæд уыцы фæндагыл, ууыл. Æмæ сæ ныхмæ расидой тох.
Раст у ирон æмбисонд: Йæ ныййарæджы чи нæ уарзы, уый никæй бауарздзæн. Мад у æппæт хæрзты райдайæн, дунейы царддæттæг. Уымæн йæ зынтæ авдæнæй райдайынц. Уыцы уавæр, æвæццæгæн, Ирыстоны Хетæгкаты Къостайæ хуыздæр ничи бамбæрста. Уымæн снывæста йæ зæрдæйы æлвæст тæгтæй мады æвидигæ фæлгонц.
Бирæ поэттæ скодтой зарджытæ мадыл. Уыдонæй сæ иу уыди, хæсты быдыры хæрз æрыгонæй чи баззади, уыцы ирон лæппу Кочысаты Мухарбег.
О, уарзон ныййарæг!
О, ме схæссæг мад!
Кæд арæх æнæ мæн
Куы ‘рбайхъуысы уынгæй
Къæхты хъæр, ныхас
Æрхæццæ мæ хъæбул,
Ехх, куы зонис, буц ныййарæг мад!
Байдыдтон æнкъард кæнын дæ фæстæ.
Цыма ныр кæд фæуаин нымад.
Мады фæллой, мады бирæ хæрзтæ
Мады зæрдæ хъæбултæм – тæнæг,
Мадæлтæн куыд адджын у зæнæг.
Уымæн ныл зæрдæйæ кæнынц рисгæ
Буц хъæбулы афæрсы йæ мад:
Сты мæнмæ кæддæриддæр нымад
Мады лæггад, удхайраг изæртæ.
Мад, дæ зæрдæ хсайаг у фæлмæн
Буц хъæбултæм мидбылхудгæ кастæ
Ныр, зæгъ-ма, куыд кæнгæ у мæнæн?
Мады комдзаг, мады хсырæй хаст дæн.
Мад, дæ хæрзтæ æз куыд кæнон рох!
Ма мын райс æнафоны зæрдæниз
Æз дæу тыххæй афæлдахин хох,
Мин азы мæ фæндиаг фæцæрис.
Мад ныййарæг, фыд – схæссæг
Цæстыгагуыйау сæ хъахъхъæнын хъæуы.
Фæлæ мæнæ куыд загъдæуы иу таурæгъы.
Раджы кæддæр иу хъæуы царди сидзæргæс ус. Йæ лæг амард, æмæ царди йæ дыууæ æнахъом лæппуимæ. Йæ лæджы амарды фæстæ уый адджын хæринаг никуыуал бахордта, йæ хуыссæн никуыуал схъарм кодта, йæ цонг лæгъз дарæсы никуыуал атъыста: уæдæ мын макæмæ бахæлæг кæной, къулбæрзæйæ мын макæмæ бакæсой, иннæ сывæллæттæй æнæрæвдыддæр ма уой. Æмæ цынæ куыст кодта сидзæргæс ус: хъæдæй суг хастæ, хуым кодта, хос карста.
Фæлæ æнцон цæрдтытæ кæнынæн нæ райгуырди сидзæргæс. Цæрæнбонты амонд хæстæг никуы æрцыд.
Чындзытæ нæ фæрæстмæ сты: æфсины нæ бауарзтой æмæ йын алы æвзæр митæ кæнын райдыдтой. Сæ бæсты йæ кусын кодтой, хæринаг ыл нæ лæвæрдтой.
Куыд бадзырдтой, кæнгæ дæр афтæ бакодтой. Фæхæссы йæ кæстæр фырт тæсчъы мидæг хъæдмæ. Цæуы тæрсгæризгæйæ, алырдæм фæкæс-фæкæс кæны, мачи мæ фенæд, зæгъгæ.
Фæлæ æхсæвыгон тар хъæды чи хъуамæ уыдаид? Чысыл раздæр стъалытæ ныр фæныкъул – фæныкъул кæнын байдыдтой, цыма мады тæригъæдæй сæ цæстысыгтæ балæмарынц. Кæрæдзимæ тæхынц, цыма зæххыл чи не ‘рцыд, ахæм æвирхъау хабар хъусын кæнынц кæрæдзийæн.
Фæлæ лæппу уыдæттæ ницæмæ дары. Размæ тындзы йæ чъизи фæнд сæххæст кæнынмæ.
Зæххон дунейы мад дæр нæу æнусон.
Хъæбул, мæн иу бон нал уыдзæн дæ цæст.
Куынæуал у ныфсæвæрæн дæ ныфсæн.
Уæд бамбардзынæ мады фарн æрмæст.
Дæ зынты сæрмæ базыртыгъд цæргæсау
Куы нæуал лæууа удуæлдайæ мад.
Дæ цæрайæн йæ цард куы ничи хæсса
Ныййарæджы ад бамбардзынæ уæд.
Куы рцæуай искуы урссæрæй нæ къæсмæ.
Куынæ рхæссон дæ сæры хилтыл м ‘арм
Куынæ зæгъон куыд асурс дæ, æркæс ма,
Уæд зондзынæ циу мады къухты хъарм.
Куы нæ дын уæ цæджындз æмбал дæ хъыджы
Мæ уæлмæрдæн куы дзурай иу дæ маст
Дæ цæссыгæй куы ныхъхъæрза мæ сыджын
Уæд бамбардзынæ мады зæрдæ ‘рмæст.
Цард æгъатыр у Арвæй, дам, цы дур æрхауы уый бауромы зæхх. Уæдæ бæркадхæссæг фæззæг нæ Ирæн цы сау бон æрхаста, уый куы нæ уромы.
Спортивон залы уыйбæрц уыдыстæм, — зæгъы Фатимæ, — æмæ ныл цæст нæ хæцыд. Уæлдæф нын нæ фаг кодта, сабитæ дойныйæ мардысты. Фыццаг срæмыгъд афтæ æнæнхъæлæджы уыд, æмæ зал иууыл хъæр æмæ цъæхахст ‘сси.
Срæмыгъдæй мæ хъустæ цыдæр кодтой, мæ цæстытæ атартæ сты. Куы ракастæн уæд дуарæрдыгæй ауыдтон кæйдæр сабиты, сæхи къулмæ нылхъывтой. Нæ зонын кæцæй мæм разынд ахæм хъару, фæлæ сыстадтæн, æмæ сæ мæ хъæбысы æмбæхсгæйæ, тагъд-тагъд ракодтон. Кæй сабитæ уыдысты, уый нæ зонын фæлæ цы уæлдай уыд, æппæт дæр нæхи нæ уыдысты.
Мад! Уый диссаг у! Уый йæ хъæбулы улæфт дардмæ хъусы. Йæ хъæбул та зæры-зæрондмæ куы фæцæра, уæддæр æй сывæллон хоны, æмæ йын хур бон хуры тæвдæй тæрсы, къæвда бон – суазалæй.
Æнтæф фæсаст æмæ адæймаг æппæт йæ буарæй æнкъары сатæг уæлдæфы æхцондзинад. Хур арвыл хуссарæрдæм акъул æмæ раздæрау нал æндавы зæхмæ. Йæ тынтæ судзгæ нал кæнынц, фæлæ ныр сæ рæвдаугæ хъармæй узæлынц, æрдзы кæдæм æххæссынц, уыдоныл. Æртыхсынц зайæгойтыл, цыма сын сæ цъæх хуызæн хæрзбон зæгъынмæ фæхъавынц, уыйау. Арвыл тар уæззау мигътæ арæхдæр зынын райдыдтой æмæ сæ уагæй æмбарын кæнынц, фæззæг йæ тыхы кæй цæуы, хуры хъарм тынтæн сæ фæндаг ахгæнынц царддæттæг зæхмæ æмæ та фæстæмæ сæхи айсынц арвы кæрæттæм. Фæлæ уыцы рæстæг бирæ нæ ахæссы, ногæй та ракæсы хур райгæйæ æмæ барухс вæййынц бæлæсты, зайæгойты зæрдæтæ, сæхи цингæнгæйæ банкъусынц, нырма уазал чи нæ хæссы, уыцы дымгæйы æрбаныдзæвдæй.
Гъе, фæлæ сæ царды кæрон æввахс кæны, сæумæрайсомы уазал йæ дæрзæг арм кæуыл æруадзы, уыцы сыфтæртæн. Иутæ дзы фæивтой сæ хуыз, фæбур сты æмæ фæлмæн дымгæйы æрбаныдзæвдæй нырризынц, ныззыр-зыр кæнынц сæ мидбынаты, сæ уддыл ма дæндагæй бæргæ ныххæцыдысты, фæлæ…къалиутæй фæиппæрд вæййынц æмæ зæххыл æнцойад ссарынц. Афтæ згъæлынц кæрæдзийы фæстæ æмæ зæххы сыгъзæринхуыз гауызы бын æркæнынц.
Цæй диссаг у фæззыгон нæ хæхбæсты æрдз… мин-мин хуыз дарæсы йæхи сфæлыста æмæ фæлгæсы нæртон æфсинау, йæ бæркад адæмыл рæдауæй таугæйæ. Дардыл йæ цæст хæссы, цыма йын ххæххон рагуазæлттæ æппындæр ницы хъом сты, уыйау. Бонтæ куыд цæуынц, афтæ йæ цъæххуыз ивы сыгъзæрин хуызмæ. Уыцы бур зæрин хуыз ын цыбыр рæстæгмæ кæй у, уый бæргæ зоны, фæлæ уæддæр у сæрыстыр, æмæ нæ ивы йæ райзæрдæйы уаг. Гъе, фæлæ куыдфæнды ма уа, уæддæр алы зайæгой дæр æнкъары, фæззыгон бонтæй иу иннæмæй уазалдæр кæй у æмæ фæззæджы æрбалæудимæ кæй æрцыдис сæ адзал.
Æнусон бæлæстæ сæ хомысджын цæнгты ныууигъынц æмæ æнæвгъауæй æрызгъалынц зæхмæ сæ сыфтæртæ… фæлæ, æвæццæгæн, уыдонæн нæ вæййынц хуымæтæджы сыфтæртæ, фæлæ вæййынц, схъæлбæрзæй хъæды къохы бæлæсты цæсты сыгтæ, тагъд сæ фæлыст кæй азгъæлдзæн æмæ бынтон бæгънæгæй, æгъуызæй кæй аззайдзысты, ууыл хъынцъымы цæссыгтæ.
Уæдæ куыд не сты диссаг Ирыстоны быдыртæ дæр: сæрвæтты кæрдæг сихсыди æмæ фосæн фæзын ис сæхи æфсадын. Æрдз цыма æрæнкъард, йæ хъус адардта уазал зымæджы ‘рдæм. Уалдзæг ын цы æхсидгæ цард радта, уый цадæггай нымæгæй нымæгдæр кæны. Æрмæст ма алчидæр тыхсы ууыл, цæмæй зымæгмæ йæхи бацæттæ кæна. Адæймаджы хъуыдытæ дæр вæййынц уыимæ баст. Афæдзы ацы афон тыллæг æфснайыны афон у, æмæ зæхкусæг тагъд кæны йæ тыллæг æфснайыныл. Цæмæй йæ карз зымæг æдзæттæйæ ма æрыййафа.
…Уæлдæфы разыны адæймаджы хъарм комулæфт, хæххон хъæуты цæрджыты уæлхæдзæрттæй уæларвмæ, æзфæраздæронæй згъорынц фæздæ-джы хъуымбылтæ, адæймаджы йæхимæ æрбасайы хъарм пец, æрæнкъард вæййы зæрдæ… Фæстейæ аззадысты сæрдыгон тæвд бонтæ, рагвæззæджы хурбонтæ, ныр та фæззæг йæ бартæ йæхимæ райста æххæстæй æмæ ма иуæй-иу хатт хуры рæвдаугæ хъарм тынтæ, кæд зæрдыл æрлæууын кæнынц ивгъуыд бонтæ, уæддæр уайтагъд асæтты сæ тых, амбæхсынц тар мигъты ‘хсæн æмæ уæлдæфы æрзилдух кæны фæззæджы комулæфт. Фæззæг цæуы. Æввахсæй æввахсдæр кæны уазал зымæг…
Æрдзы ацы хуызивæнтæй алы адæймаджы зæрдæйы дæр сæвзæры æндæр æмæ æндæр æнкъарæнтæ. Æрдзы фæззыгон хуызæй йæ зæрдæ кæмæн райы, йæ алæмæтаджы фæлыстæй æхцондзинад сты райсы, сæумæрайсомы халасæппæрсты йæ къæхтæ бауымæл кæнынæй æхцондзинад чи райста, æмæ фæззыгон дымгæйы сыгъдæг уæлдæфмæ йæ зæрдæйы монцтæ кæмæн райхæлынц, уыдонæй дæн æз дæр …
Фæззæг… сыгъзæрин æвдылд фæззæг… куыстуарзаг адæймаджы зæрдæ йæ афæдзы куыстæй куы фæрухс кæны, афæдзы уыцы афон.
Эхх, искуы ма хæххон уыгæрдæнтæ байдзаг уыдзысты хосдзæуттæй æмæ сæ зард, сæ хъæлæба кæмтты хæхты араудзæн… Фæскуыст хъазтизæрты, уæларвмæхъуысæг ирон фæндыры зæлтæй бахъæлдзæг уыдзæн зæрдæ…
Мё райгуырён бёстё — Республикё Ц ё гат Ирыстон – Алани у У ё р ё сейы Федерацийы субъект. Хауы Ц ё гат Кавказы федералон зылдмё. Йё сёйраг горёт у Дзёуджыхъёу. Зёгъён ис, рагон, культурон ёмё историон цыртдзёвён кёй у, уымён ёмё дзы фендзынё бирё зёрдылдарён бынёттё. Мё зёрдёйён у уарзон!
Диссаг ёмё рёсугъд у мё райгуырён Ирыстоны ёрдз дёр. Йё алыварс лёууынц бёрзонд хёхтё. Уёлдай удёнцой ёмё ёхсызгондзинад хёссы бёрзонд Хъазыбеджы хох – хёхты бёрзонддёр. Цы цёугёдёттё сё гуыры, уыдон уайынц хъёлдзёгёй, сё уылёнтё алырдёмыты пырхгёнгё. Фёлё дзы ёппёты стырдёрыл нымад у Терчы дон. Ёз дзы тынг сёрыстыр дён, уымён ёмё йыл нёхи поэттё нё, фёлё ма суанг Уёрёсейы хъуыстгонддёр генитё — Пушкин ёмё Лермонтов — ныффыстой се ‘нёмёлгё ёмдзёвгётё. Теркён йё фёндаг цёуы цалдёр кавказаг республикёйыл.
Ёвёццёгён, ёрдзёй рёсугъддёр ницы ис зёххыл. Зёрдё райы йё уындёй, алыхузон ёнкъарёнтё мём гуырын кёны нё хёхбёстё. Нё кёмттё ёлвасынц сёхимё адёмы се ’нёкёрон рёсугъддзинадёй, нё улёфён бынёттё бирётён баззайынц сё зёрдёты! Куыд мёхицён дёр!
Ирыстон канд йё рёсугъд ёрдзёй зындгонд нёу, фёлё ма у хъёздыг нё диссаджы хорз адёмёй дёр. Нё фыдёлты ном арвнёрёгау айхъуыст ёппёт дунейыл. Ныууагътой нын хъёздыг хёзнатё, истори ёмё культурё, кёцытё абоны онг ёрхёццё сты махмё, кёстёртём дёр. Ёма сё хъуамё хъахъхъёнём, ма сё бауадзём фесафын. Уыдонимё сты не ’взаг дёр ёмё не ’гъдёуттё дёр. Уыдон сты нё адёмы фарн. Уыдон сты мёнён дёр хъахъхъёнинаг!
Мах, ирёттё, стём Хуыцаумё кувёг адём. Нё бёрёгбёттём азёй — азмё ёнхъёлмё фёкёсём. Ёз тынг бирё уарзын Тымбыл къохы — Хетёджы бёрёгбон, Хоры Уациллайы бёрёгбон. Уёлдай кадджындёр бёрёгбон та на бинонтён у Джеоргуыбайы бёрёгбон. Мёнмё гёсгё дёр, уымёй сёйрагдёр, ахсджиагдёр бёрёгбон нёй. Лёгты дзуар у Хуыцауы минёвар ирон адёммё, нё фыдёлтё йыл кёддёриддёр ёмё кёмдёриддёр сёхи фёдзёхстой ёмё абон дёр фёдзёхсынц.
Уёдё куыд нё загъон нё хорз, фёзминаг фёсивёды тыххёй. Сё алыхуызон ёнтыстдзинёдтёй уыдон дёр хъуыстгонд ёмё зындгонд сты ёппёт дунейыл. Бирётё дзы суанг сё цард дёр суёлдай кодтой бёстёйы сабырдзинад ёмё хорзёхты тыххёй.
Ёз, мёхёдёг райгуырдтён ёмё цёрын Цёлычы хъёуы. Тынг зынаргъ мын у. Бирё йё уарзын, кёд дзы цыдёр чысыл хъуагдзинёдтё ис, уёддёр. Уёдё мё хъёуёй цы бирё хорз адёмтё рацыд, уыдонён та сё нымёц бёрёг дёр нёу. Фёлё дзы кёй зонын, уыдон сты, фыццаджыдёр, нё ветерантё, Фыдыбёстёйы хёсты архайджытё, Кодзырты Муслимёт – фёллойы ветеран, Мёскуыйы хъёууон-хёдзарадон равдысты архёйаг, Чекаев Вячеслав ёмё Эльджарты Руслан – Афганы хёсты хъёбатыртё, Сёбётхъуаты Светё ёмё Хёбёлаты Олег – Уёрёсейы Президенты Гранты лауреаттё, Хъантемыраты Рая- Бетъырбухы клиникёйы сёргълёууёг, Хъазыбегты Валерий ёмё Кочынаты Иринё – барадхъахъхъёныны оргёнты кусджытё, Боциты Ирё — Ирыстоны телекомпани ёмё радиойы журналист, Быценты Руслан, Хабёты Руслан, Музаты Сослан – Мёскуыйы цирчы аивады дёснытё, Уалыты Гиви – ирон театры сгуыхт актер, ёмё ма бирётё.
Мё дарддёры царды та цы нысантё сёвёрдтон, уыдон ёнгом баст сты мё Ирыстонимё. Никуыдём ацёуин ардыгёй. Кёмфёнды куы уон, уёддёр – иу мё мё зёрдё хондзён нёхимё!
- Для учеников 1-11 классов и дошкольников
- Бесплатные сертификаты учителям и участникам
Мад. Хœрз цыбыр дзырд. Фœлœ дзы œппœт дуне дœр бацœудзœн. Зœххыл мадœй зынаргъ-дœр ничи ис. Мадœй хуыздœр ничи бамбардзœн сабийы зœрдœйы рис.
Бирœ поэттœ скодтой зарджытœ мадыл.
Æз – сылгоймаг, цардаразœг дœн,
Кувут, лœгтœ, иууылдœр мœнœн.
Æз бœллиц дœн, дидинœджы тау дœн,
Æз цъœх уалдзœг, цины зарœг дœн.
Æз œфсарм дœн, нуазœн дœн уœ къухы
Æз – хœдзары минбœркады фынг
Æз œдзухдœр – уе мдзу царды дугъы,
Фарн мœ дзырд, ныххуыссын кœнын зынг.
Сисут, лœгтœ, баназут мœ кадœн,
Æз уœ раттœг, уе стыр мœт, уœ хур.
Æз уœ къухы бахъуаджы бон кард дœн,
Æз – уœ фидœн, уе нхъœлцау бындур .
Фœлœ ныййарœджы зындзинœдтœ цотœй иутœ нœ бамбарынц, аккаг аргъ ын не скœнынц йœ фыдœбонœн.
Мад у œппœты хœрзты райдайœн, дунейы цард-
дœттœг. Уымœн йœ зынтœ авдœнœй райдайынц.
« Ныййарœг мад цœстыгагуыйау хъахъхъœнын
( Чеджемты Æ ).
Зœххыл ис иунœг хœзна царды
Æмœ уый мад у, мœ хур, мад.
Йœ равдыд сау дуртœм дœр хъары.
Фœсуры зœрдœйы фœллад.
О мад, сыгъзœрин мад, дœ хœрзтœй,
Ды кœныс кœстœрты œнгом.
Тœхуды, зарœджы ныхœстœй,
Æнусон чи скœны дœ ном.
Дœ къахфœд агурын нœ хœхты,
Дœу œнхъœл уардитœм кœсын.
Куырттаты стыр комы уœрœхы
Дœ хуыз мœ цœстыты хœссын.
Мœ зарœг сарœзтон дœ мœтœй,
Йœ зœлты бавœрдтон мœ уарзт.
Дœ зынаргъ Къадаты бœрзœндтœй
Мœ удмœ хур цыма œркаст.
Цы хорз у, чи сбуц кодта мады
Æмœ йын чи радта œгъдау,
Зœххыл уый дзыллœты нымады
Йœ фарнœй батавдзœн Хуыцау.
Хуыцау та бœрзœндтœй фœлгœсы
Хœрзудтœн риссынœ тœрсы
Хуыцау… Уый цœсгоммœ нœ кœсы.
Хуыцау… Уый зœрдœмœ кœсы.
Цоты хœс у ныййарœджы буц дарын, йœ хъыджы
Арœх – иу аргъœуттœ
Хъарм – иу мœ бамбœрзтай,
Мад зынаргъ у. Мады уарз. Мадœн маст ма кœн. Мадœй бузныг у. Мадмœ хъус.
Нœу мœнœн мœ бон зœгъын,
Цас уарзын нанайы,
Фыны дœр йœ фœлмœн худт
Зымœгмœ мын бавœры
Хъулон хъœдуртœй мœнœн
Кœддœриддœр мадыл ауд. Мадимœ хœларœй цœр. Мадау хœлар зœрдœ у.
Нœ сœртœй уын ныллœг кувœм.
- подготовка к ЕГЭ/ОГЭ и ВПР
- по всем предметам 1-11 классов
Курс повышения квалификации
Дистанционное обучение как современный формат преподавания
Курс профессиональной переподготовки
Русский язык и литература: теория и методика преподавания в образовательной организации
Курс повышения квалификации
Инструменты онлайн-обучения на примере программ Zoom, Skype, Microsoft Teams, Bandicam
- Курс добавлен 31.01.2022
- Сейчас обучается 25 человек из 18 регионов
- ЗП до 91 000 руб.
- Гибкий график
- Удаленная работа
Дистанционные курсы для педагогов
Свидетельство и скидка на обучение каждому участнику
Найдите материал к любому уроку, указав свой предмет (категорию), класс, учебник и тему:
5 602 796 материалов в базе
Самые массовые международные дистанционные
Школьные Инфоконкурсы 2022
Свидетельство и скидка на обучение каждому участнику
Другие материалы
Вам будут интересны эти курсы:
Оставьте свой комментарий
- 28.10.2016 704
- DOCX 6.5 мбайт
- 4 скачивания
- Оцените материал:
Настоящий материал опубликован пользователем Калабекова Альбина Анатольевна. Инфоурок является информационным посредником и предоставляет пользователям возможность размещать на сайте методические материалы. Всю ответственность за опубликованные материалы, содержащиеся в них сведения, а также за соблюдение авторских прав несут пользователи, загрузившие материал на сайт
Если Вы считаете, что материал нарушает авторские права либо по каким-то другим причинам должен быть удален с сайта, Вы можете оставить жалобу на материал.
Автор материала
40%
- Подготовка к ЕГЭ/ОГЭ и ВПР
- Для учеников 1-11 классов
Московский институт профессиональной
переподготовки и повышения
квалификации педагогов
Дистанционные курсы
для педагогов
663 курса от 690 рублей
Выбрать курс со скидкой
Выдаём документы
установленного образца!
Учителя о ЕГЭ: секреты успешной подготовки
Время чтения: 11 минут
Студенты российских вузов смогут получить 1 млн рублей на создание стартапов
Время чтения: 3 минуты
Инфоурок стал резидентом Сколково
Время чтения: 2 минуты
Время чтения: 2 минуты
Минпросвещения России подготовит учителей для обучения детей из Донбасса
Время чтения: 1 минута
В Белгородской области отменяют занятия в школах и детсадах на границе с Украиной
Время чтения: 0 минут
Новые курсы: функциональная грамотность, ФГОС НОО, инклюзивное обучение и другие
Время чтения: 15 минут
Подарочные сертификаты
Ответственность за разрешение любых спорных моментов, касающихся самих материалов и их содержания, берут на себя пользователи, разместившие материал на сайте. Однако администрация сайта готова оказать всяческую поддержку в решении любых вопросов, связанных с работой и содержанием сайта. Если Вы заметили, что на данном сайте незаконно используются материалы, сообщите об этом администрации сайта через форму обратной связи.
Все материалы, размещенные на сайте, созданы авторами сайта либо размещены пользователями сайта и представлены на сайте исключительно для ознакомления. Авторские права на материалы принадлежат их законным авторам. Частичное или полное копирование материалов сайта без письменного разрешения администрации сайта запрещено! Мнение администрации может не совпадать с точкой зрения авторов.
Читайте также:
- Сочинение волшебные места где я живу душой
- Что заставляет людей верить в невозможное сочинение егэ
- Сочинение на тему что будет если приедет настоящий ревизор
- На реке сочинение 11 класс
- Сочинение на тему моя любимая баллада
Уæ бонтæ хорз æмæ уыл хъæлдзæг бонтæ цæуæд нæ зынаргъ ахуыргæнджытæ, ныййарджытæ, уазджытæ, хæлæрттæ.
Абон нæ бæрæгбон,
Абон нæ цины бон,
Абон ныййарæгæн
Арфæ кæнæм!
Мад! Хæрз цыбыр дзырд, фæлæ дзы æппæт дуне дæр бацæудзæн. Зæххыл мадæй зынаргъдæр ничи ис. Мадæй хуыздæр ничи бамбардзæн сабийы зæрдæйы рисс.
Мад! Уыимæ баст сты нæ царды рæсугъддæр бонтæ, нæ зæрдæты æхсызгондæр мысинæгтæ. Кæд зæххыл нæй, фæлæ, уый буц даргæйæ, уымæн ирон рæсугъд æгъдау дæтгæйæ, бамбарæн ис, цы у амонд. Тæхудиаг у уыцы кæстæр, йæ хистæры буц дарын чи зоны æмæ афтæмæй адæмы æхсæнмæ рухс цæсгомæй чи цæуы.
Æмдзæвгæ: «Мад дын куы ратдзæн йæ уд æмæ цæст».
Ехх уæдæ, удæн куыд вæййы æнцон,
Хур ныл куы скæсы дзæбæхæй.
Æмæ куыд хорз у, дæ уарзон бæлццон
Кæрты куы рхиза йæ бæхæй
Цæстытысыгæн цæй уромæн ис ?!
Зæрдæ куы рухс кæна иугæр
Мады фæндиагæй ма фенут низ
Мадæй уæ ма схъыг уæд уæ иу дæр !
Судзгæ цæссыгтæй , мæ хуртæ, ут хызт
Макуы мын фенут зæрдæниз.
Иугæр ыстыр цинад риуы ныххызт,
Уый та æнустæм цæрдзæнис.
Иунæг цæстысыг дæр мастæн у фаг,
Мады зæрдæйæн æгæр у.
Риуы æхсидгæ цæхæр у.
Мад ма сымахæй кæмæн у æгас,
Уымæ куыд кæнын тæхуды.
Мад у сæумæрайсом хуры ыскаст,
Æмæ дам мидбылты худы.
Мад дын куы ратдзæн йæ уд æмæ цæст.
Мадæн йæ хъæбул зынаргъ у.
Мады рæвдыдæй ут уе ‘ппæт æфсæст,
Мад нын æнусон цырагъ у!
Мад – царддæттæг. Хæрзконд, фæлмæнзæрдæ, уды рæсугъддзинад. Уыдон иууылдæр мады лæвæрттæ сты. Мад сæ куы нæ ратта, уæд уыцы хорздзинæдтæ тыгъд быдыры ссаргæ не сты. Мады уарзондзинадæй сæ удтæ хъæздыг кæмæн сты, уыдонæй рæсугъд у цард дæр.
Зарæг: «Мадæн аргъ нæй».
Мад! Цæй диссаг дзырд у æвæдза. Адæймаджы уæнгты бауадзы ныфс, хъару. Сывæллонæн йæ фыццаг ныхас вæййы — «мамæ».
Царды рухс ын фенын кæны мад. Цас æнæхуыссæг æхсæвтæ æрвиты, цас . Нæ ног æмбæлттæ. Зарæг «Базонгæ уæм»
4-6. Уазæгуаты Хъилхъусмæ. Зарæг «Салам»
7-9. Уазæгуаты Къæбæдамæ
10-12. Чи цы уарзы? Зарæг «Къæбæда»
13-15. Хъилхъус æмæ Къæбæдайы сыхæгтæ. Зарæг «Хъуг æмæ род»
16-18. Хъæдхой – хъæды дохтыр. Зарæг «Хъæдхой»
19-21. Адджын хъæлæрдзы. Зарджытæ «Хъæлæрдзы», «Дыргъдоны»
22-24. Фæндагыл. Зарджытæ «Балцы», «Хъæды ис бæлæстæ»
25-27. Кæдæм цæут?
28-30. Æз зонын ленк кæнын. Зарæг «Хæдзарон мæргътæ»
31-33. Цы загътай? Зарæг «Зæрватыкк»
34-36. Кæс, хъус, хъаз!
37-39. Хистæртæн кад кæнут!
40-42. Бын, раз, фæстæ, цур – махимæ сæ ды дæр дзур!
43-44. Фæлхат кæнæм
45. Цы зонæм, уый бæрæг кæнæм (тесттæ)
уарзондзинад ратты йæ хъæбултæн, йе’ суинаг стъалытæн. Фæлæ, хъыгагæн, ныййарджыты зындзинæдтæ цотæй иутæ нæ бамбарынц, аккаг аргъ ын не скæнынц йæ фыдыбонæн.
Сценкæ: «Ныййарæджы тæрхон».
Бæласы бын бады Азау æмæ кæсы роман «Уарзт æмæ денджыз». Йæ рæзты рацæуы Зæлинæ. Куы йæ федта, уæд æрлæууыд, салам ын радта. Чиныгмæ фæкомкоммæ, йæ цæстытæ цины рттывд фæкодтой.
Зæлинæ: — Æвæдза куыд хорз равдыста, ныййарæджы сурæт, ныййарæджы уарзт хъæбулмæ! Ныййарæджы зæрдæйы уидæгтимæ баст у дунейы æппæт дæр: сывæллоны фыццаг цъæхахст, хъæбулы фыццаг бахудт, авдæны фæлмæн зарæг…Уæд йæ цин та! А-зæххыл ныййарæджы хуызæн ничи зоны цин кæнын. Уый цæстыты хуызæн дам никæй цæстытæ бахуддзысты, ныййарæджы цæстæнгас дæ куыд барæвдауа, йæ мидбылхудт дæ куыд батава, афтæ никæй æмæ ничи. Зæрдæйы хъæдгом байгас кæнынмæ дæр уымæй дæсныдæр ничи у «Дæ сæрыл хаст фæуон», «цард дын фестон», «дзыцца дæ рынтæ ахæра».
Кæй арфæтæ сты уыдон. Чи нын фæисы йæхимæ нæ рис, нæ тухитæ? Чи ‘рхæссы нæ сæрыл йæ сæр нывондæн! Мад! Ныййарæг мад! Бæстыл æмбал кæмæн нæй, уыцы фæлмæнзæрдæ мад! (Сæ рæзты æрбахызтысты цалдæр æрыгон адæймаджы цыдæр æнахуыр дарæсы æмæ бацыдысты сыхæгты хæдзармæ. Уалынмæ райхъуыст цавæрдæр фæсарæйнаг музыкæ. Зæлинæ джихауæй аззад, стæй цымыдисæй Азаумæ бакаст).
Зæлинæ: — Мæ хæдзар! Уый та цавæр музыкæ у?
Азау: — Ма тæрс, дæ хуыз куы аныхъуырдтай. Уый мæнæ нæ сыхæгтæ сты, Гуыдзиаты ахболы сахъгуырд Азанбеджы музыкæ та у.
Ацы Гуыдзиаты диссаджы хорз бинонтæ уыдысты, æгъдауджын, кадджын куыстуарзаг. Адæм-иу сæм хæлæг кодтой. Сæ чызг æмæ хистæр лæппу – адæмæн уарзон, фæлæ йæ кæстæр Азæмæт куы рахъомыл, уæдæй нырмæ сæ Хуыцау ралгъыста, арвæй сæм иу хъугдзармы бæрц нал зыны. Сæ маст сæ сæрты кæлы, сæ цард зындон фестад.
Зæлинæ æмæ Азау ацыдысты. Азæмæты музыкæ дардыл нæры. Йе ‘мбæлттимæ йæ рæстæг æрвиты, сæ разы хæринаджы дзæбæх, равзæргæ нозт, пъæртт кæнынц хъылма, ныххæцыдысты æнæгъдау митыл…
Иу афон уыцы «æрхонгæ уазджытæ» дæр ацыдысты. Азæмæт афтид æвгтæ æддæмæ – рахаста, стæй сынтæджы йæхи æруагъта.
Ахбол (бады кæрты бандоныл):
-
О, Фæрнион! (Уый йæм æрбаввахс) Мæнæ цы диссаджы уавæры стæм! Цы ракодтам Хуыцауæн? Цæмæн нын радта ахæм фырты? Куы нæ худинаг кæны, адæммæ акæсын куынæуал уæндæм, уæд афтæмæй куыд цæрдзыстæм?
(Фæрнион фæхъуыста йæ лæгмæ, стæй йæ сæр аххосджынау дæлæмæ æруагъта. Иу афон Азанбег кæртмæ рахызт, фыд дæр бадти уым).
Ахбол: — О, мæ фырт, æввахс ма мæм рацу. Уый цавæр цардыуаг у? Хорз æмæ æвзæр æппын нал хицæн кæныс? Худинаджы къубал бынтон аскъуыдтой æви? Ацы дæлимонтимæ дæхи цæмæн сбастай? Кæм сæ ссардтай? Цæмæн цæуынц ардæм, мæ хæдзар хынджылæггаг у? Цы ми ма дын бакæнон, цы дын нæ фаг кæны, зад хуымы дын хизын нæ фидауы?! Уæдæ ахæстоны дæр бадтæ, уæд дын бамбарын афон нæма у? Ныууадз дæ нуазт, адæмы хъæр бамбар!
Азамбег: — Чи дæ фæрсы! Цæуыл дзурыс?! Дæ къус кæм нæй, уым дæ уидыг ма тъысс, науæд…
(Азамбег йæ къух фæхъил кодта. Æрцыд йæ фæдыл).
Фæрнион: — Мæ къона куыд байхæлд!
Азамбег: — Æна, æнцад, куы нæ лæууай, уæд дзы дæуыл дæр æрхаудзæн! (Азамбег йæ къухтæ кæрæдзийыл ацагъта æмæ уатмæ бахызти йæхицæй разыйæ).
Фæрнион: — Мæнæ цы дыссæгтæ уынын, мæнæ мæ сæр зæронды ‘рдæм цытæ баййæфта! Мæнæ калмы мæ зæрдæйы бын куыд фæхастон! Мæнæ цы фыдбылыз схъомыл кодтон! Мæ хæдзар фехæлд! Мæ фыртыл фæтых сты арахъ æмæ цавæрдæр хъылма, уыдон махæй тыхджындæр разындысты.
Мæнæ стыр диссæгтæ!
Куыд ис уый гæнæн æмæ фырт йæ къух сиса йæ фыртмæ! (Фехъус ис, стæй арф ныуулæфгæйæ): — Нæ, нæ, а-зæххыл дæуæн цæргæйæ нал у. Ничи мын æй ныббардзæн, лæгмары, мæ фæстæ ныууадзон, уый. (Мад æдзынæгæй алæууыд, стæр зыр-зыргæнгæ хъæлæсы уагæй загъта).
-
Мæ хъæбул «… æз дæ ныййардтон, хуры рухс дын æз фенын кодтон æмæ дын æй дæуæн бынат нал ис, мæ къухæй хъуамæ уатмæ. Фæзынд Зæлинæ».
Зæлинæ: — Ахæм карз тæрхон рахаста мад йæ фыртæн. Уый ныййарæджы тæрхон у æмæ раст тæрхон у. Йæ фыдмæ йæ къух чи систа, йæ фыды мæрдтæм чи барвыста, уыцы хъæбул æмæ уый хуызæттæ а-зæххыл хъуамæ ма цæрой.
Æппæт ныййарджытæ, æппæт адæм дæр уыцы фарстамæ хъуамæ иухуызон цæстæй кæсой. Арф хъуамæ ныхъхъуыды кæной, кæй æмæ цæй аххосæй слæууыдысты нæ фæсивæд уыцы фæндагыл, ууыл. Æмæ сæ ныхмæ расидой тох.
Раст у ирон æмбисонд: Йæ ныййарæджы чи нæ уарзы, уый никæй бауарздзæн. Мад у æппæт хæрзты райдайæн, дунейы царддæттæг. Уымæн йæ зынтæ авдæнæй райдайынц. Уыцы уавæр, æвæццæгæн, Ирыстоны Хетæгкаты Къостайæ хуыздæр ничи бамбæрста. Уымæн снывæста йæ зæрдæйы æлвæст тæгтæй мады æвидигæ фæлгонц.
Бирæ поэттæ скодтой зарджытæ мадыл. Уыдонæй сæ иу уыди, хæсты быдыры хæрз æрыгонæй чи баззади, уыцы ирон лæппу Кочысаты Мухарбег.
О, уарзон ныййарæг!
О, ме схæссæг мад!
Кæд арæх æнæ мæн
Фæкæныс æнкъард.
Куы ‘рбайхъуысы уынгæй
Къæхты хъæр, ныхас
Æрхæццæ мæ хъæбул,
Фæзæхыс, æваст!
- Æмдзæвгæ: «Ныййарæг мад!»
Ехх, куы зонис, буц ныййарæг мад!
Байдыдтон æнкъард кæнын дæ фæстæ.
Цыма ныр кæд фæуаин нымад.
Мады фæллой, мады бирæ хæрзтæ
Мады зæрдæ хъæбултæм – тæнæг,
Мад фæдзуры: «Бахæрон дæ низтæ!».
Мадæлтæн куыд адджын у зæнæг.
Уымæн ныл зæрдæйæ кæнынц рисгæ
Буц хъæбулы афæрсы йæ мад:
Цæй куыд дæ, мæ рахиз цæст «мæ зæрдæ»
Сты мæнмæ кæддæриддæр нымад
Мады лæггад, удхайраг изæртæ.
Мад, дæ зæрдæ хсайаг у фæлмæн
Буц хъæбултæм мидбылхудгæ кастæ
Ныр, зæгъ-ма, куыд кæнгæ у мæнæн?
Мады комдзаг, мады хсырæй хаст дæн.
Мад, дæ хæрзтæ æз куыд кæнон рох!
Ма мын райс æнафоны зæрдæниз
Æз дæу тыххæй афæлдахин хох,
Мин азы мæ фæндиаг фæцæрис.
Мад ныййарæг, фыд – схæссæг
Цæстыгагуыйау сæ хъахъхъæнын хъæуы.
Фæлæ мæнæ куыд загъдæуы иу таурæгъы.
Таурæгъ: «Мады зæрдæ».
Раджы кæддæр иу хъæуы царди сидзæргæс ус. Йæ лæг амард, æмæ царди йæ дыууæ æнахъом лæппуимæ. Йæ лæджы амарды фæстæ уый адджын хæринаг никуыуал бахордта, йæ хуыссæн никуыуал схъарм кодта, йæ цонг лæгъз дарæсы никуыуал атъыста: уæдæ мын макæмæ бахæлæг кæной, къулбæрзæйæ мын макæмæ бакæсой, иннæ сывæллæттæй æнæрæвдыддæр ма уой. Æмæ цынæ куыст кодта сидзæргæс ус: хъæдæй суг хастæ, хуым кодта, хос карста.
Лæппутæ бахъомыл сты, уæдæ цы! Æрцыди сын бинонтæ хъуыддаг кæнын афон дæр. «Кæдæй-уæдæй» уæ мæгуыр хæдзарæй дæр фæндыры цагъд æмæ цины зард райхъуысдзæн. Ныр кæд уæ мæгуыр мад цардæй исты фенид, кæд йæ арм чысыл фæрогдæр уаид!»…
Фæлæ æнцон цæрдтытæ кæнынæн нæ райгуырди сидзæргæс. Цæрæнбонты амонд хæстæг никуы æрцыд.
Чындзытæ нæ фæрæстмæ сты: æфсины нæ бауарзтой æмæ йын алы æвзæр митæ кæнын райдыдтой. Сæ бæсты йæ кусын кодтой, хæринаг ыл нæ лæвæрдтой.
Ноджы-ма йыл сæ лæгты дæр ардыдтой кæнæ, зæгъы, уæ мады фесафут кæнæ та мах нæ хæдзæрттæм ауадзут. Лæппутæ фыццаг сæ устыты ныхæстæ ницæмæ дардтой. Фæлæ, фыдæлты загъдау, нывæрзæн здахаг у, доны ртах та дуг дæр хуынкъ кæны. Куыдфæстæмæ сæ мадмæ мæсты кæнын райдыдтой. Байхъуыстой ,фæлæ сæ иу устыты ныхæстæ ницæмæ дардтой. Фæлæ, фыдæлты загъдау, нывæрзæн здахаг у, доны ртах та дур дæр хуынкъ кæны. куыдфæстæмæ сæ мадмæ мæсты кæнын райдыдтой. Байхъуыстой сæ устытæм æмæ фыдгæнды къахыл ныллæууыдысты: «Цæй, æмæ йæ амарæм, тасчъы йæ нывæрæм, тар хъæдмæ, йæ фæхæссæм æмæ йæ уым боныгæнæм».
Куыд бадзырдтой, кæнгæ дæр афтæ бакодтой. Фæхæссы йæ кæстæр фырт тæсчъы мидæг хъæдмæ. Цæуы тæрсгæризгæйæ, алырдæм фæкæс-фæкæс кæны, мачи мæ фенæд, зæгъгæ.
Фæлæ æхсæвыгон тар хъæды чи хъуамæ уыдаид? Чысыл раздæр стъалытæ ныр фæныкъул – фæныкъул кæнын байдыдтой, цыма мады тæригъæдæй сæ цæстысыгтæ балæмарынц. Кæрæдзимæ тæхынц, цыма зæххыл чи не ‘рцыд, ахæм æвирхъау хабар хъусын кæнынц кæрæдзийæн.
Фæлæ лæппу уыдæттæ ницæмæ дары. Размæ тындзы йæ чъизи фæнд сæххæст кæнынмæ.
Уæртæ ма уыцы стыр тулдз бæласы онг цæуы, стæй йæ уый бын баныгæндзæн. Бирæ йæ нал хъуыди бæласы бынмæ, афтæ йæ къах къудзийыл скъуырдта æмæ былтæ размæ бахаста. Сыстынмæ хъавы, фæлæ йæ бон нал у… «Дæхи ныццавтай, мæ хур?» — æрдзырдта йæм уæд мады уд кæцæйдæр.
Æмдзæвгæ: «Мады зæрдæ».
Зæххон дунейы мад дæр нæу æнусон.
Хъæбул, мæн иу бон нал уыдзæн дæ цæст.
Куынæуал у ныфсæвæрæн дæ ныфсæн.
Уæд бамбардзынæ мады фарн æрмæст.
Дæ зынты сæрмæ базыртыгъд цæргæсау
Куы нæуал лæууа удуæлдайæ мад.
Дæ цæрайæн йæ цард куы ничи хæсса
Ныййарæджы ад бамбардзынæ уæд.
Куы рцæуай искуы урссæрæй нæ къæсмæ.
Куынæ рхæссон дæ сæры хилтыл м ‘арм
Куынæ зæгъон куыд асурс дæ, æркæс ма,
Уæд зондзынæ циу мады къухты хъарм.
Куы нæ дын уæ цæджындз æмбал дæ хъыджы
Мæ уæлмæрдæн куы дзурай иу дæ маст
Дæ цæссыгæй куы ныхъхъæрза мæ сыджын
Уæд бамбардзынæ мады зæрдæ ‘рмæст.
муз. В.Мамиева.
сл. З.Хостикоевой.
Цард æгъатыр у Арвæй, дам, цы дур æрхауы уый бауромы зæхх. Уæдæ бæркадхæссæг фæззæг нæ Ирæн цы сау бон æрхаста, уый куы нæ уромы.
«Зындонæй нал тæрсæм» — афтæ зæгъынц, Бесланы фыдбæллæхы рæстæг амынæты бахауæг адæмæй ма мæлæты дзæмбытæй чи аирвæзт, уыцы ныййарджытæ. Беслайнаг, Мелыккаты Фатимæ уыцы афтæ фыдбоны бавзæрста йæ хъæбултимæ. Ныййарæг мады сгуыхтдзинад хъæбулы сæраппонд, уый. Уый у абоны трагедийы сæйраг фæстиуæг.
-
Спортивон залы уыйбæрц уыдыстæм, — зæгъы Фатимæ, — æмæ ныл цæст нæ хæцыд. Уæлдæф нын нæ фаг кодта, сабитæ дойныйæ мардысты. Фыццаг срæмыгъд афтæ æнæнхъæлæджы уыд, æмæ зал иууыл хъæр æмæ цъæхахст ‘сси.
Срæмыгъдæй мæ хъустæ цыдæр кодтой, мæ цæстытæ атартæ сты. Куы ракастæн уæд дуарæрдыгæй ауыдтон кæйдæр сабиты, сæхи къулмæ нылхъывтой. Нæ зонын кæцæй мæм разынд ахæм хъару, фæлæ сыстадтæн, æмæ сæ мæ хъæбысы æмбæхсгæйæ, тагъд-тагъд ракодтон. Кæй сабитæ уыдысты, уый нæ зонын фæлæ цы уæлдай уыд, æппæт дæр нæхи нæ уыдысты.
Мад! Уый диссаг у! Уый йæ хъæбулы улæфт дардмæ хъусы. Йæ хъæбул та зæры-зæрондмæ куы фæцæра, уæддæр æй сывæллон хоны, æмæ йын хур бон хуры тæвдæй тæрсы, къæвда бон – суазалæй.
Мады зæрдæ, сызгъæрин фестай!
Конспект развлечения
«МАДЫ БОН»
(на осетинском языке)
Хъомылгæнæг :
— Уæ бонтæ хорз, нæ зынаргъ
сывæллæттæ æмæ нæ кадджын мадæлтæ!
Тынг
æхсызгон у уæ уынд нæ рæвдауæндоны, ацы къулты æхсæн. Абон иууылдæр сæхи
бацæттæ кодтой бæрæгбонмæ, кæцы хуыйны «МАДЫ БОН». Мах дæр бацæттæ кодтам
программæ, кæцы арæзт цæудзæн конкурстæй, æмдзæвгæтæй, зарджытæй…
«Кæуыл фембæлæм мах,
Куы райгуырæм зæххыл?
Уый у нæ мад!
Уымæй зынаргъдæр нæй!
Йæ алыварс зæхх зилы,
Бæстæ йæхицæй ,ндавы.
Цæрæнбонты хъахъхъæны
Фыдбылызæй мах
Хæдзары мæсыг у,
Фыдæбон кæны æдзух.
Уымæн хъарм, фæлмæн
Йæ зæрдæмæ йæ къух!»
— Абон у стыр бæрæгбон – «МАДЫ БОН!» Æмæ
ацы бон алы мадæн сæрыстырæй цыдæриддæр хуыздæр фарнæй æмæ ныхасæй ис, уыдон
лæвар кæнæм. Мады бæрæгбоны хорзæх уæ уæд!
v æнæ
хурæй нæ зайынц дидинджытæ,
v æнæ
уарзтæй нæй амонд,
v æнæ
сылгоймаг нæй уарзондзинад.
Фыццаг бон сывæллон куы райгуыры, уæдæй
фæстæмæ мад цæры уый улæфтæй, йæ цæссыгæй æмæ йæ худтæй.
Мады уарзондзинадæй хъарм кæны
сывæллоны цард, мад æй сахуыр кæны уарзын Райгуырæн бæстæ æмæ йæхи æвзаг.
1- аг сывæллон
Нæ
зынаргъ мадæлтæ
2- аг сывæллон
Кæд
фæнды дæр уæ сæрыстыр стæм.
3- аг сывæллон
Фондз
азы мыл куы сыххæст уæд бирæ райдыдтон æмбарын.
Æрмæстдæр
иу не мбарын, алцыдæр куыд æййафы, куыд ын бантысы?!
1- аг сывæллон
Æрбацыдыстæм
нæ мады бæрæгбонмæ, цæмæй æппæт мадæлтæн бæрæгбоны хорзæх зæгъæм æмæ уын зарæг
лæвар кæнæм.
Хъомылгæнæг :
«МАДМÆ»
Плиты Харитоны ныхæстæ
Моргуаты Юрийы музыкæ
«Бирæ
фæрæвдыдтай,
О
Гыцци, мæн,
Арæх
– иу зарджытæ
Кодтай
мæнæн.
Хъарм
– иу мæ бамбæрзтай,
«Хур»
мæ хуыдтай.
«Ахуысс
мын, айрæз мын»,-
Заргæ
дзырдтай,
Буцæй
дæ хъæбысы
Схастон
мæ рæз
Акæс
– ма, абон дын
Ногдзау
дæн æз.
Уарзын
мæ чингуытæ,
Уарзын
мæ хъæу,
Уарзын
Фыдыбæстæ,
Уарзын
æз дæу!»
Хъомылгæнæг :
Сывæллæттæ
бакæсдзысты æмдзæвгæтæ.
1- аг сывæллон
«МАДÆЛТÆН»
Æрттивгæйæ
хур дæр
Йæ
тынты тæмæн,
Æрвиты
дæлæмæ рæвдауæндонæн,
У
абон бæрæгбон
Кæцы
у мадæлтæн.
Уым
хъæлдзæг сабитæн
Сæрибар
– сæ цард,
Æмхуызонæй
кафынц,
Уæд
худынц, уæд хъазынц
Дард
хъуысы мадæлтæн зард.
2- аг сывæллон
«МАМАЙЫ
НЫХАС»
Хурау
рухс зæрдæ у мад,
Никуы
зоны уый фæллад
Сты
йæ хъарм къухтæ фæлмæн,
Алы
бон рæвдауы мæн.
Тынг
дæ уарзын, тынг, уый зон,
Райдайын
дæуæй мæ бон,
Райдайын
дæуæй мæ фæндаг
Дæн
дæ лæггæгтæн лæггаг!
3- аг сывæллон
«МÆ
МАДÆН»
Мæ
мадæн лæварæн
Мæ
уд дæр дæттын,
Мæ
мад у æппæтæй
Зæрин
хуры тын,
Мæ
мадæн лæварæн
Æз
ноджы дæттын
Фырцинæй
æууылдæй
Мыдимæ
кæрдзын
Кæнæ
уæд йæ фæндаг
Фæриссы
æдзух.
Мæ
мадæн бæмбæгæй
Фæлмæндæр
йæ къух!
Хъомылгæнæг :
Æртæккæ
та базонут уыци – уыцитæ:
v
Æрхауы – агæпп кæны,
Ныццæв æй – не скæудзæн (порти)
v
Фосмæ цыргъ йæ дæндаг дары,
У
хъæхъаг æмæ фыр зыд
Марын
æй хъæуы, уый марын
Рагæй
дæр фыдгæнæг уыд (бирæгъ)
v
Уæртæ къудзиты бын ныхъхъус
Цъус
йæ сæр фæзыны.
Ракъуыпп,
радымсти йæ рус,
Фæрвы
цъар æхсыны(тæрхъус)
v
Пъолы бын цæры, гæдыйæ тæрсы (мыст)
Хъомылгæнæг :
Зынаргъ
мадæлтæ, æртæккæ уыдзæн хъазт: алчидæр йæ хъæбулæн ратдзæн фæткъуы хæрынмæ, йæ
цæстытæ бастæй, сывæллонæн та йæ къухтæ йæ фæсæтты фæстæ æмбæхст уыдзысты.
Амбулдзæн уыцы къай, кæцы рæвдздæр бахæрдзæн фæткъуы. Хъазт цæуы…
Хъомылгæнæг :
Алчидæр
уæ зоны, дзыкка фыцгæйæ цы хъæуы, уый, æртæккæ йæ сбæрæг кæндзыстæм:
-Цæргæс рахъавыд йæ цъиутæн дзыкка
скæнын, цæмæй йæ лæппынтæ бафсæдой, базармæ ацыд æмæ мæнæ цы райста (æвдисы).
Раст у, æви нæу, уый зæгъдзыстут, дзурдзыстут «о» кæнæ «нæ».
Райста:
Харбыз?
—- нæ!
Айк?
—- нæ!
Æссад?
—- о!
Джитъри?
—- нæ!
Сæкæр?
—- о!
Цæх?
—- нæ!
Кæрдо?
—- нæ!
Царв?
—- о!
Хъомылгæнæг :
Дзæбæх дзыкка рауад, ницы дзы ис
зынæй, уымæй æнцондæр ницы ис æмæ кæд æй цæттæ кæнна нæ мад, фæлæ нæхæдæг куы
архайæм, уæд тынг афæллайæм.
Æртæккæ мæ фæнды базонын, цавæр
æмбисæндтæ зонут?
1- аг сывæллон
Кæстæрæн
йæ хæс – хистæрмæ кусын!
2- аг сывæллон
Цард
куыстæй фидауы!
3- аг сывæллон
Хуымы
цы байтауай, уый дзы сæвзæрдзæн!
4- æм сывæллон
Хорз
куыдз – лæгæн æмбал у .
5- æм сывæллон
Æхст
цъиуæй зарын дæр ферох вæййы.
Хъомылгæнæг :
Зынаргъ
мадæлтæн æмдзæвгæтæ бакæсдзыстæм.
1- аг сывæллон
«МÆ МАД»
Мæ
уарзон ныййарæг
Мæ
хур дæ, мæ мæй.
Дæуæй
мын зынаргъдæр
Зæххы
цъарыл нæй.
Дзæбæх
мæ фæхастай,
Фæкодтай
лæггад,
Уæззау
куыст фæкодтай
Нæ
зыдтай æнцой.
Дæ
кæстæрты хурæй
О,
бафсæд мæ мад
Куыд
хъуыса нæ кæртæй
Дæ
худын, дæ зард.
2- аг сывæллон
«МАДЫ ХУР»
Дзуры
хъæлдзæгæй Тимур:
—
«Хоны мæ дзыцца йæ хур.
Ау,
цæмæн кæд хур ис арвыл
Бæстæ
йæ рухсæй тавы?
Радта
дзуапп дада Инус:
—
Ды ныййарæгæн йæ рухс
Мадæлтæн
хъæбултæ цал ис,
Хуртæ
дæр дунейыл уал ис.
Хъомылгæнæг :
v
Иннæ конкурсы мах базондзыстæм, æнцон у,
æви нæу уæвын мадæй: сывæллæтты бабæттын хъæуы сæ мадæлтæн бантик,
v
æрцæттæ кæнын ахойраг рæвдауæндонмæ,
байсæрдын царв дзулыл.
Хъомылгæнæг :
Хъазт «Богæлттæ»
(Зылды сæ тыхтæ барынц).
Хъомылгæнæг :
Сывæлæттæ
бацæттæ кодтой ирон театр «Тæбæгътæ чи цæхса»
Музыкæ.
Ус кафы.
Лæг:
—
Нæ ус, тæбæгътæ ма цæхс.
Ус:
—
Æндæр дæ ницыуал хъæуы? Нæмæ уыныс? Æз зарядкæ кæнын, мæ фигурæ рæсугъд кæнын
(æвдисы)
Лæг:
—
Ай никуы ницы бакæндзæн! Уæдæ афтæ баныхас кæнæм: фыццаг чи сдзура, уый
тæбæгътæ æхсдзæн.
Ус:
—
Нал мæ ныууаддзæн ацы зæронд хæрæг. Хорз уæдæ, баныхас кодтам! (æрбадтысты
фæрсæй фæрстæм æнæдзургæ)
Салфетка: (сыхаг ус)
—
Хорз адæм, кæм стут, уæ фос хъоммæ нæ тæрут? Адон гоби баисты, æви цы? Уæ дзыты
дон и, æви, куы нал дзурут?! (Салфетка исы хæдон)
Ус:
—
Æндæр дæ ницы хъæуы?
—
Мæхи хъæуы, ничи йæм кæсы?!
(Салфетка
фæтæргай)
А!
Исчи ма сæм бакæсæнт!
Æз
уæм нал æрбацæудзынæн!
Ус:
(йæ
фæстæ йæ къухтæ кæрæдзиуыл сæрфы)
Салфетка….. (Ивазгæйæ)
—
Уый фæстæ нæ сыхæгты счытæ анымайдзыстæм.
Лæг:
А
– а – а! Нæ ус, фæхæрдтæ! Тæбæгътæ æхсгæ…
Ус:
—
Æндæр дæ ницы хъæуы? Абон мадæлты, сылгоймæгты бæрæгбон у!
Лæг:
—
Дæ хъуыддаг та ацыди!!! Мæгуыр бон мыл ацы уысимæ! Мæхицæн та æхсинаг фесты!!!
Ус:
—
Ницы дын уыдзæн!
Бæрæгбоны
кафт, иу кафт..
Хæларæй
цæрæм. (кафынц ирон мелодимæ)
Хъомылгæнæг :
Нæ
сабитæ, акафæм ирон кафт.
Сывæллæттæ
кафынц «Хонгæ»
Хъомылгæнæг :
Афтæмæй нæ бæрæгбоны программæ
фæвæййы, зæрдæбынæй уын нæ зæрдæ зæгъы: æнæниз æмæ æнæмаст, рæсугъдæй,
хъæлзæгæй æмæ сæрæнæй цæрут нæ зынаргъ мадæлтæ, уæ сывæллæттæ та уæм куыд
хъусой, уæ зæрдæ уын рухс куыд кæной, арфæйаг уыт!!!
Сочинение
«Наб неш дигахъис цIакьли»
2013г.
Наб неш дигахъис цIакьли
Гьарил адамлис «неш» ибси дев бегIлара дурхъаси саби.Гьарил адамла ца ахIенси неш хIерирар,ВатIан кьяйдали. Бац-берхIи кьяйда цаси, гIур агарси дунъяли-чир бегIлара малхIямси сари наб дила неш.
Дила нешлис Барият бикIар. Ил школализир учите-льницали рузуси сари. Илис дебали биштIати дигахъу, илдас дигуси бирес къайгъилизир рирар. Ученикунас илра дигахъу. Наб дила неш дебали дигахъис,сенкIун илис нура дигахъни балас. Илини мурталра дила уркIи иргъу, наб дигуси бирес кьаслизир рирар.Ил дебали уркIецIичерси,духуси, гIяхIси ва гIякьлучерси сари.Илини бизиси беркала биру.
Ну сецад халаваасра, нешла духути гIякьлумачи лехIихъес гIягIниси саби. Наб гIяхIси ва гIягIниси нешлицун бала. Нушани нешла халаси хIурмат бирес гIягIниси саби. Нуша адикьес багьандан илини халаси къиян буркIули саби, арадеш мяштIхIебарили, бамсри хIейхъули хIянчилара рашули, хъулирра рузули сари. Иличи уркIецIидулхъули, вирусигъуна кумек нунира бирис: ил разириахъес школализив гIяхIил учIулра, риштIаси рузичи хIерикIулра, узизи дурсри дирахъулра,хясасупIличил хъулри умудирулра,ил гIясихIериахъес ну мурталра къайгъилизив вирус. ДахъхIиагарли нешла байрам саби. Ил байрамлис нуни неш мубаракририс ва савгъат бедлугас. Дила неш набчи дебали разириркур.
Нушани школализир нешличила чумра даргала поэтунала ва писательтала гIяхIцад произведениеби делчIунра: «Нешла дуруг», «Нешла бебкIа», «АхIерси неш».
Нуни нешличила бурала балас: «Нешлис хъатлаб хайгина берцIадра, илала чебла ахъес хIейруд». Чум азир тугъ делкIалра Адамли нешличила, Таманбируси ахIен Буруси иличила.
Арали ратаби, дила дигуси неш!
Азир баркалла хIед, дила ахIерси неш!
***
Мæ мад
Цы бакæнон, мæ ныййарæг, мæхи мад, æнæ дæуæй куы нæ зонын цæрын,
Мæ хъæлдзæг цард мыл бонрæфты æрæнкъард.
Хъысмæты раз цæссыгкалгæ лæууын.
Дæуимæ æз цы сахаттæ æрвыстон —
Зæххы цъарыл сын никæд уыдзæн аргъ,
Мæ уды дæ цы фæлгонцæй ныффыстон
– Мæ царды мын у алкæмæй зынаргъ.
Мæ рæсугъд мад, мæ зондджын мад, мæ зæрдæ,
Куы нæ зонын цы фæкæнон мæхи.
Дæ къуымты ма дын агурын дæ фæдтæ…
æрмæст мæм фынты равдисыс дæхи.
Дæ фенынмæ – иу цингæнгæ тындзыдтон,
Зæрдæрайгæ-иу балыгътæн хъæмæ. Дæу агургæ – иу къæсæрыл ысдзырдтон:
Мæхи мамæ, кæцыран дæ? Кæм дæ?
Мæ ныхасмæ – иу рауадтæ нæ къуымæй,
— Ды дæ, мæ чызг? Кæцæй фæдæ, кæцæй?..
Куы –иу мæ тавтай мады уарзгæ хъармæй,
– Кæмæн ма уыд фылдæр амонд мæнæй.
Куыд буц уыдтæн, сæрæгас мын куы уыдтæ,
Мæ циндзинæдтæ ‘ппæлыдтæн дæуæн,
Дæ фарсмæ æз нæ хатыдтон мæ зынтæ,
Ныфс мын уыдтæ æдзухæй дæр мæнæн.
Фæлæ ныр та мæ буц цардæй фæцух дæн,
Дæу æрдыгæй мæ фидар къул æркалд.
Дæ къуымты ма дæ уарзт агур фæзылдтæн,
Фæлæ дæ уарзт æнусбонтæм ныссалд.
Мæ зæрдæйыл мын сæвæдтай хъæдгæмттæ,
æдзухæй дæр мын судзгæ рыст кæнынц,
Мæ дуне дæр мыл фенкъарди дæ фæстæ,
Цыма мæ зынтæ уымæ дæр зынынц…
Ныййарæг мадæй ницы ис зынаргъдæр.
Ныййарæг мадæн хъахъхъæнут йæ цард!
Дæ цинты дæр, дæ зынты дæр дæ уавæр æппæты тынгдæр бамбардзæни мад.
***
Конспект развлечения
«МАДЫ БОН»
(на осетинском языке)
Хъомылгæнæг :
— Уæ бонтæ хорз, нæ зынаргъ сывæллæттæ æмæ нæ кадджын мадæлтæ!
Тынг æхсызгон у уæ уынд нæ рæвдауæндоны, ацы къулты æхсæн. Абон иууылдæр сæхи бацæттæ кодтой бæрæгбонмæ, кæцы хуыйны «МАДЫ БОН». Мах дæр бацæттæ кодтам программæ, кæцы арæзт цæудзæн конкурстæй, æмдзæвгæтæй, зарджытæй…
«Кæуыл фембæлæм мах,
Куы райгуырæм зæххыл?
Уый у нæ мад!
Уымæй зынаргъдæр нæй!
Йæ алыварс зæхх зилы,
Бæстæ йæхицæй ,ндавы.
Цæрæнбонты хъахъхъæны
Фыдбылызæй мах
Хæдзары мæсыг у,
Фыдæбон кæны æдзух.
Уымæн хъарм, фæлмæн
Йæ зæрдæмæ йæ къух!»
— Абон у стыр бæрæгбон – «МАДЫ БОН!» Æмæ ацы бон алы мадæн сæрыстырæй цыдæриддæр хуыздæр фарнæй æмæ ныхасæй ис, уыдон лæвар кæнæм. Мады бæрæгбоны хорзæх уæ уæд!
- æнæ хурæй нæ зайынц дидинджытæ,
- æнæ уарзтæй нæй амонд,
- æнæ сылгоймаг нæй уарзондзинад.
Фыццаг бон сывæллон куы райгуыры, уæдæй фæстæмæ мад цæры уый улæфтæй, йæ цæссыгæй æмæ йæ худтæй.
Мады уарзондзинадæй хъарм кæны сывæллоны цард, мад æй сахуыр кæны уарзын Райгуырæн бæстæ æмæ йæхи æвзаг.
1- аг сывæллон
Нæ зынаргъ мадæлтæ
2- аг сывæллон
Кæд фæнды дæр уæ сæрыстыр стæм.
3- аг сывæллон
Фондз азы мыл куы сыххæст уæд бирæ райдыдтон æмбарын.
Æрмæстдæр иу не мбарын, алцыдæр куыд æййафы, куыд ын бантысы?!
1- аг сывæллон
Æрбацыдыстæм нæ мады бæрæгбонмæ, цæмæй æппæт мадæлтæн бæрæгбоны хорзæх зæгъæм æмæ уын зарæг лæвар кæнæм.
Хъомылгæнæг :
«МАДМÆ» Плиты Харитоны ныхæстæ
Моргуаты Юрийы музыкæ
«Бирæ фæрæвдыдтай,
О Гыцци, мæн,
Арæх – иу зарджытæ
Кодтай мæнæн.
Хъарм – иу мæ бамбæрзтай,
«Хур» мæ хуыдтай.
«Ахуысс мын, айрæз мын»,-
Заргæ дзырдтай,
Буцæй дæ хъæбысы
Схастон мæ рæз
Акæс – ма, абон дын
Ногдзау дæн æз.
Уарзын мæ чингуытæ,
Уарзын мæ хъæу,
Уарзын Фыдыбæстæ,
Уарзын æз дæу!»
Хъомылгæнæг :
Сывæллæттæ бакæсдзысты æмдзæвгæтæ.
1- аг сывæллон
«МАДÆЛТÆН»
Æрттивгæйæ хур дæр
Йæ тынты тæмæн,
Æрвиты дæлæмæ рæвдауæндонæн,
У абон бæрæгбон
Кæцы у мадæлтæн.
Уым хъæлдзæг сабитæн
Сæрибар – сæ цард,
Æмхуызонæй кафынц,
Уæд худынц, уæд хъазынц
Дард хъуысы мадæлтæн зард.
2- аг сывæллон
«МАМАЙЫ НЫХАС»
Хурау рухс зæрдæ у мад,
Никуы зоны уый фæллад
Сты йæ хъарм къухтæ фæлмæн,
Алы бон рæвдауы мæн.
Тынг дæ уарзын, тынг, уый зон,
Райдайын дæуæй мæ бон,
Райдайын дæуæй мæ фæндаг
Дæн дæ лæггæгтæн лæггаг!
3- аг сывæллон
«МÆ МАДÆН»
Мæ мадæн лæварæн
Мæ уд дæр дæттын,
Мæ мад у æппæтæй
Зæрин хуры тын,
Мæ мадæн лæварæн
Æз ноджы дæттын
Фырцинæй æууылдæй
Мыдимæ кæрдзын
Кæнæ уæд йæ фæндаг
Фæриссы æдзух.
Мæ мадæн бæмбæгæй
Фæлмæндæр йæ къух!
Хъомылгæнæг :
Æртæккæ та базонут уыци – уыцитæ:
- Æрхауы – агæпп кæны,
Ныццæв æй – не скæудзæн (порти)
- Фосмæ цыргъ йæ дæндаг дары,
У хъæхъаг æмæ фыр зыд
Марын æй хъæуы, уый марын
Рагæй дæр фыдгæнæг уыд (бирæгъ)
- Уæртæ къудзиты бын ныхъхъус
Цъус йæ сæр фæзыны.
Ракъуыпп, радымсти йæ рус,
Фæрвы цъар æхсыны(тæрхъус)
- Пъолы бын цæры, гæдыйæ тæрсы (мыст)
Хъомылгæнæг :
Зынаргъ мадæлтæ, æртæккæ уыдзæн хъазт: алчидæр йæ хъæбулæн ратдзæн фæткъуы хæрынмæ, йæ цæстытæ бастæй, сывæллонæн та йæ къухтæ йæ фæсæтты фæстæ æмбæхст уыдзысты. Амбулдзæн уыцы къай, кæцы рæвдздæр бахæрдзæн фæткъуы. Хъазт цæуы…
Хъомылгæнæг :
Алчидæр уæ зоны, дзыкка фыцгæйæ цы хъæуы, уый, æртæккæ йæ сбæрæг кæндзыстæм:
-Цæргæс рахъавыд йæ цъиутæн дзыкка скæнын, цæмæй йæ лæппынтæ бафсæдой, базармæ ацыд æмæ мæнæ цы райста (æвдисы). Раст у, æви нæу, уый зæгъдзыстут, дзурдзыстут «о» кæнæ «нæ».
Райста:
Харбыз? —- нæ!
Айк? —- нæ!
Æссад? —- о!
Джитъри? —- нæ!
Сæкæр? —- о!
Цæх? —- нæ!
Кæрдо? —- нæ!
Царв? —- о!
Хъомылгæнæг :
Дзæбæх дзыкка рауад, ницы дзы ис зынæй, уымæй æнцондæр ницы ис æмæ кæд æй цæттæ кæнна нæ мад, фæлæ нæхæдæг куы архайæм, уæд тынг афæллайæм.
Æртæккæ мæ фæнды базонын, цавæр æмбисæндтæ зонут?
1- аг сывæллон
Кæстæрæн йæ хæс – хистæрмæ кусын!
2- аг сывæллон
Цард куыстæй фидауы!
3- аг сывæллон
Хуымы цы байтауай, уый дзы сæвзæрдзæн!
4- æм сывæллон
Хорз куыдз – лæгæн æмбал у .
5- æм сывæллон
Æхст цъиуæй зарын дæр ферох вæййы.
Хъомылгæнæг :
Зынаргъ мадæлтæн æмдзæвгæтæ бакæсдзыстæм.
1- аг сывæллон
«МÆ МАД»
Мæ уарзон ныййарæг
Мæ хур дæ, мæ мæй.
Дæуæй мын зынаргъдæр
Зæххы цъарыл нæй.
Дзæбæх мæ фæхастай,
Фæкодтай лæггад,
Уæззау куыст фæкодтай
Нæ зыдтай æнцой.
Дæ кæстæрты хурæй
О, бафсæд мæ мад
Куыд хъуыса нæ кæртæй
Дæ худын, дæ зард.
2- аг сывæллон
«МАДЫ ХУР»
Дзуры хъæлдзæгæй Тимур:
— «Хоны мæ дзыцца йæ хур.
Ау, цæмæн кæд хур ис арвыл
Бæстæ йæ рухсæй тавы?
Радта дзуапп дада Инус:
— Ды ныййарæгæн йæ рухс
Мадæлтæн хъæбултæ цал ис,
Хуртæ дæр дунейыл уал ис.
Хъомылгæнæг :
- Иннæ конкурсы мах базондзыстæм, æнцон у, æви нæу уæвын мадæй: сывæллæтты бабæттын хъæуы сæ мадæлтæн бантик,
- æрцæттæ кæнын ахойраг рæвдауæндонмæ, байсæрдын царв дзулыл.
Хъомылгæнæг :
Хъазт «Богæлттæ» (Зылды сæ тыхтæ барынц).
Хъомылгæнæг :
Сывæлæттæ бацæттæ кодтой ирон театр «Тæбæгътæ чи цæхса»
Музыкæ. Ус кафы.
Лæг:
— Нæ ус, тæбæгътæ ма цæхс.
Ус:
— Æндæр дæ ницыуал хъæуы? Нæмæ уыныс? Æз зарядкæ кæнын, мæ фигурæ рæсугъд кæнын (æвдисы)
Лæг:
— Ай никуы ницы бакæндзæн! Уæдæ афтæ баныхас кæнæм: фыццаг чи сдзура, уый тæбæгътæ æхсдзæн.
Ус:
— Нал мæ ныууаддзæн ацы зæронд хæрæг. Хорз уæдæ, баныхас кодтам! (æрбадтысты фæрсæй фæрстæм æнæдзургæ)
Салфетка: (сыхаг ус)
— Хорз адæм, кæм стут, уæ фос хъоммæ нæ тæрут? Адон гоби баисты, æви цы? Уæ дзыты дон и, æви, куы нал дзурут?! (Салфетка исы хæдон)
Ус:
— Æндæр дæ ницы хъæуы?
— Мæхи хъæуы, ничи йæм кæсы?!
(Салфетка фæтæргай)
А! Исчи ма сæм бакæсæнт!
Æз уæм нал æрбацæудзынæн!
Ус:
(йæ фæстæ йæ къухтæ кæрæдзиуыл сæрфы)
Салфетка….. (Ивазгæйæ)
— Уый фæстæ нæ сыхæгты счытæ анымайдзыстæм.
Лæг:
А – а – а! Нæ ус, фæхæрдтæ! Тæбæгътæ æхсгæ…
Ус:
— Æндæр дæ ницы хъæуы? Абон мадæлты, сылгоймæгты бæрæгбон у!
Лæг:
— Дæ хъуыддаг та ацыди!!! Мæгуыр бон мыл ацы уысимæ! Мæхицæн та æхсинаг фесты!!!
Ус:
— Ницы дын уыдзæн!
Бæрæгбоны кафт, иу кафт..
Хæларæй цæрæм. (кафынц ирон мелодимæ)
Хъомылгæнæг :
Нæ сабитæ, акафæм ирон кафт.
Сывæллæттæ кафынц «Хонгæ»
Хъомылгæнæг :
Афтæмæй нæ бæрæгбоны программæ фæвæййы, зæрдæбынæй уын нæ зæрдæ зæгъы: æнæниз æмæ æнæмаст, рæсугъдæй, хъæлзæгæй æмæ сæрæнæй цæрут нæ зынаргъ мадæлтæ, уæ сывæллæттæ та уæм куыд хъусой, уæ зæрдæ уын рухс куыд кæной, арфæйаг уыт!!!
метки: Осетинский, Помогать, Ирыстон, Уыдон, Руслан, Райгуыр, Рзонд, Дунейыл
Ирыстон — мё зёрдёйы
Мё райгуырён бёстё — Республикё Ц ё гат Ирыстон – Алани у У ё р ё сейы Федерацийы субъект. Хауы Ц ё гат Кавказы федералон зылдмё. Йё сёйраг горёт у Дзёуджыхъёу. Зёгъён ис, рагон, культурон ёмё историон цыртдзёвён кёй у, уымён ёмё дзы фендзынё бирё зёрдылдарён бынёттё. Мё зёрдёйён у уарзон!
Диссаг ёмё рёсугъд у мё райгуырён Ирыстоны ёрдз дёр. Йё алыварс лёууынц бёрзонд хёхтё. Уёлдай удёнцой ёмё ёхсызгондзинад хёссы бёрзонд Хъазыбеджы хох – хёхты бёрзонддёр. Цы цёугёдёттё сё гуыры, уыдон уайынц хъёлдзёгёй, сё уылёнтё алырдёмыты пырхгёнгё. Фёлё дзы ёппёты стырдёрыл нымад у Терчы дон. Ёз дзы тынг сёрыстыр дён, уымён ёмё йыл нёхи поэттё нё, фёлё ма суанг Уёрёсейы хъуыстгонддёр генитё — Пушкин ёмё Лермонтов — ныффыстой се ‘нёмёлгё ёмдзёвгётё. Теркён йё фёндаг цёуы цалдёр кавказаг республикёйыл.
Ёвёццёгён, ёрдзёй рёсугъддёр ницы ис зёххыл. Зёрдё райы йё уындёй, алыхузон ёнкъарёнтё мём гуырын кёны нё хёхбёстё. Нё кёмттё ёлвасынц сёхимё адёмы се ’нёкёрон рёсугъддзинадёй, нё улёфён бынёттё бирётён баззайынц сё зёрдёты! Куыд мёхицён дёр!
Ирыстон канд йё рёсугъд ёрдзёй зындгонд нёу, фёлё ма у хъёздыг нё диссаджы хорз адёмёй дёр. Нё фыдёлты ном арвнёрёгау айхъуыст ёппёт дунейыл. Ныууагътой нын хъёздыг хёзнатё, истори ёмё культурё, кёцытё абоны онг ёрхёццё сты махмё, кёстёртём дёр. Ёма сё хъуамё хъахъхъёнём, ма сё бауадзём фесафын. Уыдонимё сты не ’взаг дёр ёмё не ’гъдёуттё дёр. Уыдон сты нё адёмы фарн. Уыдон сты мёнён дёр хъахъхъёнинаг!
Мах, ирёттё, стём Хуыцаумё кувёг адём. Нё бёрёгбёттём азёй — азмё ёнхъёлмё фёкёсём. Ёз тынг бирё уарзын Тымбыл къохы — Хетёджы бёрёгбон, Хоры Уациллайы бёрёгбон. Уёлдай кадджындёр бёрёгбон та на бинонтён у Джеоргуыбайы бёрёгбон. Мёнмё гёсгё дёр, уымёй сёйрагдёр, ахсджиагдёр бёрёгбон нёй. Лёгты дзуар у Хуыцауы минёвар ирон адёммё, нё фыдёлтё йыл кёддёриддёр ёмё кёмдёриддёр сёхи фёдзёхстой ёмё абон дёр фёдзёхсынц.
Уёдё куыд нё загъон нё хорз, фёзминаг фёсивёды тыххёй. Сё алыхуызон ёнтыстдзинёдтёй уыдон дёр хъуыстгонд ёмё зындгонд сты ёппёт дунейыл. Бирётё дзы суанг сё цард дёр суёлдай кодтой бёстёйы сабырдзинад ёмё хорзёхты тыххёй.
4 стр., 1933 слов
По осетинскому языку фаззаг ирыстоны
… речи; воспитание любви к родному языку. Сочинение по осетинскому языку «Язык- наше богатство» Нывӕцӕ … ма нӕ скъолайы стыр бӕрӕгбон куы вӕййы, уӕд скъоладзаутӕ иууылдӕр фӕзарынц Уӕрӕсейы гимн, стӕй Ирыстоны … уыдон мӕм дзурынц иронау, фӕлӕ арӕх нӕ уынӕм кӕр … алы фыстагы авдыста йа уарзон адамы зын цард. … ттæ барæй рахастой æхсæрæджы æвæрæнтæ? Нæææ…..нæ йæ зыдтой….. Цæмæй ахæм æнæрхъуыды хабæрттæ ма кæна …
Ёз, мёхёдёг райгуырдтён ёмё цёрын Цёлычы хъёуы. Тынг зынаргъ мын у. Бирё йё уарзын, кёд дзы цыдёр чысыл хъуагдзинёдтё ис, уёддёр. Уёдё мё хъёуёй цы бирё хорз адёмтё рацыд, уыдонён та сё нымёц бёрёг дёр нёу. Фёлё дзы кёй зонын, уыдон сты, фыццаджыдёр, нё ветерантё, Фыдыбёстёйы хёсты архайджытё, Кодзырты Муслимёт – фёллойы ветеран, Мёскуыйы хъёууон-хёдзарадон равдысты архёйаг, Чекаев Вячеслав ёмё Эльджарты Руслан – Афганы хёсты хъёбатыртё, Сёбётхъуаты Светё ёмё Хёбёлаты Олег – Уёрёсейы Президенты Гранты лауреаттё, Хъантемыраты Рая- Бетъырбухы клиникёйы сёргълёууёг, Хъазыбегты Валерий ёмё Кочынаты Иринё – барадхъахъхъёныны оргёнты кусджытё, Боциты Ирё — Ирыстоны телекомпани ёмё радиойы журналист, Быценты Руслан, Хабёты Руслан, Музаты Сослан – Мёскуыйы цирчы аивады дёснытё, Уалыты Гиви – ирон театры сгуыхт актер, ёмё ма бирётё…
Мё дарддёры царды та цы нысантё сёвёрдтон, уыдон ёнгом баст сты мё Ирыстонимё. Никуыдём ацёуин ардыгёй. Кёмфёнды куы уон, уёддёр – иу мё мё зёрдё хондзён нёхимё!
Фёнды мё, цёмёй мё уарзон бёстё рёсугъдёй — рёсугъддёр кёна, цы кёстёртё дзы рёзы, уыдон та раст зондыл, раст фёндагыл хёст уой, сё хистёртыл куыд аудой ёмё сын ныфс куыд уой! Сё къухы куыд ёфтой хорз ёнтыстдзинёдтё. Фидар куыд хёцём нё уидёгтыл: нё райгуырён зёхх, фыдёлты хорз ёгъдёуттё, нё мадёлон ёвзагыл. Уымён ёмё нын нё фыдёлтёй баззади куырыхон фёдзёхст: «Хъёздыгдзинад мулкёй баргё нёу, фёлё зёрдёйы рёсугъдзинадёй, фёрныг ёгъдёуттёй ёмё хорз хъуыддёгтёй».
Рахизфарсы районы Цёлычы хъёуы иумёйагахуырадон астёуккаг скъолайы
9 къласы ахуырдзау
Хъазыбегты Регинёйы сочинени
(Ахуыргёнёг Боциты А.В.
Тел. 89188351651)