«Зӕххыл нӕ фыдӕлтӕ бындурӕн
Ныууагътой махӕн ном-
ИРОН».
Брытъиаты Аслӕмбег
Поэты загъдау «у стыр циндзинад райгуырын иронӕй». Ӕмӕ ӕз сӕрыстыр дӕн, ирон чызг кӕй дӕн, уымӕй. Кӕй схъомыл дӕн ирон фарны ӕгъдӕуттыл, кӕй ис мӕ туджы ирон ӕфсарм, ирон уӕздандзинад.
Мах адӕмыхатт хицӕн кӕны йе `гъдӕуттӕй, йӕ культурӕйӕ. Дунемӕ ирон адӕм куы фӕзындысты, уӕдӕй фӕстӕмӕ хӕст сты аланты ӕгъдӕуттыл. Махӕн нӕ хӕс у, цӕмӕй нӕ куырыхон фыдӕлтӕ нын цы ныууагътой хорзӕй, уыдон цӕстыгагуыйау хъахъхъӕнӕм, цӕмӕй фыдӕлты фарн ӕмӕ намыс цӕрой ӕнусты.
Фыдӕлтӕй нӕм цы стыр хӕзнатӕ ӕрхӕццӕ, уыдонӕн сӕ тӕккӕ ахсджиагдӕр сты нӕ фарны ӕгъдӕуттӕ .
Адӕймаг ӕнусты нӕ цӕры. Ӕнусты цӕры йӕ кад кӕнӕ йӕ худинаг. Ӕмӕ-иу нӕ фыдӕлтӕ, худинаджы бӕсты кадимӕ амӕлын хуыздӕрӕн, уымӕн равзӕрстой.
«Ӕнусон цардӕй ӕнусон кад хуыздӕр,» — афтӕ дзырдтой Нарты хуыздӕртӕ. Райгуырӕн бӕстӕйӕн йӕ дуртӕ дӕр адджын сты. Куы бахъӕуа, уӕд, хъуамӕ, ӕнӕ фӕкӕсгӕйӕ дӕ цард нывондӕн ӕрхӕссын бауа нӕ райгуырӕн бӕстӕйы, нӕ Ирыстоны, нӕ адӕмы сӕраппонд. Ӕз дӕр сӕйрагдӕр нысаныл нымайын райгуырӕн бӕстӕ, иубӕстон адӕм ӕмӕ фыдыуӕзӕгыл амӕлӕты бонмӕ ӕнувыд уӕвын, архайдзынан цӕмӕй мӕ царды исты сгуыхтдзинад равдисон.
Хистӕрты нымайын, уыдонӕн лӕггад кӕнын, сӕ арфӕйы ныхасмӕ хъусын, суанг сабийы бонтӕй бацӕуы нӕ туджы. Дзӕгъӕлы нӕ фӕзӕгъынц: «Хистӕрӕн йӕ фындз амӕрз ӕмӕ йӕ зондӕй бафӕрс».
Ӕз афтӕ фӕхъуыды кӕнын, хистӕр цы хадзары нӕй, уый фидаугӕ дар нӕ кӕны. Хистӕртыл азтӕ цас рацӕуы, фыдӕбӕттӕ дӕр уыйбӕрц бавзарынц, ӕмӕ мах, кӕстӕртӕ, уый хъуамӕ хъуыды кӕнӕм.
Ирон адӕмы ахсджиагдӕр миниуджытӕй ӕз иуыл нымайын ныййарӕг мадӕн йӕ ном, йӕ фарнӕн уӕлдай кад кӕнын. Адӕймаг йӕ цины, йӕ зыны сахат фыццагдӕр йӕ мадмӕ фӕдзуры. Мады зӕрдӕ, мады дзыхы ныхас ӕвдадзы хос вӕййынц хъӕбулӕн. Дӕттынц ын ныфс, хъару, зонд, ӕрбайсӕфынц ын йӕ йӕ фӕллад, йӕ рыст. Мады дзыхы ныхас хъусгӕйӕ хъӕбул вӕййы амондджын.
Нӕртон дзырдтӕн сӕ фӕлмӕндӕр у Мад,
Цӕуы йӕ армӕй адӕмыл бӕркад.
Цӕрынӕй хӕрынмӕ ирӕттӕм иннӕ адӕмтимӕ абаргӕйы сылгоймагӕн кодтой уӕлдай кад. Бинонты `хсӕн дӕр ӕмӕ ӕхсӕнады дӕр ахста ахсджиаг бынат. Ууыл дзурӕг сты, ӕнусты сӕрты сӕ кой махмӕ кӕмӕн ӕрхӕццӕ, уыцы номдзыд сылгоймӕгты нӕмттӕ: Амагӕ ӕмӕ алайнаг Иринӕ, Задалесчы Нанӕ ӕмӕ ӕндӕртӕ. Раджы дӕр ӕмӕ ныр дӕр сылгоймаджы барынц зӕдтӕ ӕмӕ дауджытимӕ. Дзӕгъӕлы нӕ фӕзӕгъынц: «Ӕцӕг сылгоймаг хадзары зӕд у,» кӕнӕ «Сатана кӕд сылгоймаг уыди, уӕддӕр Нарт йӕ зондӕй цардысты».
Зын уавӕры бахауӕг адӕймагӕн йӕ фарсмӕ ӕрбалӕуу, зӕрдӕ йын бавӕр ӕмӕ йын баххуыс кӕн. Уыцы миниуӕг ирон адӕммӕ ард бахӕрды хуызы у. «Зӕрдӕйы хорз дарӕг – удыбӕстӕ ссарӕг», — дзырдтой нӕ фыдӕлтӕ. Рынчын,кӕнӕ факӕсынхъуаг адӕймагӕн балӕггад кӕнынӕй ма хуыздӕр цы ис.
Ирон адӕммӕ рагӕй баззад ӕгъдау – уазӕджы буц кӕнын цӕхх ӕмӕ кӕрдзынӕй. «Мӕ фыдгулы хӕдзармӕ уазӕг ма `рбацӕуӕд», «Уазӕджы аккаг буцдзинӕдтӕ нӕй», — афтӕ-иу загътой фыдӕлтӕ. Ирон лӕг цыфӕнды мӕгуыр армӕй дӕр йӕ уазӕджы хорз фены, сбуц ӕй кӕны хӕринагӕй, нозтӕй, хӕлар, рӕвдаугӕ цӕстӕнгасӕй ӕмӕ лӕгъз дзыхыныхасӕй.
Ацы дунейы адӕймагӕн ӕнӕ йӕ алыварс уӕвӕг адӕм фӕцӕрӕн нӕй. Ирон адӕм, ӕвӕццӕгеӕн, рагӕй дӕр уымӕн кодтой сыхагӕн уӕлдай кад, уымӕн-иу загътой фыдӕлтӕ: «Хорз сыхаг ӕфсымӕр у», «Бӕлас куы фӕкӕлы, уӕд йӕ сыхагыл банцой кӕны». Сыхагимӕ хӕларӕй цӕрын фыдӕлтӕй баззад. Адӕймаджы хъӕздыгдзинады разӕй дӕр хорз сыхаг хъӕуы. Кӕд дӕ сыхагӕй амонд фӕцис, уӕд уый стыр хорздинад у. Цы ма уа уымӕй хуыздӕр, дӕ тыхст рӕстӕг дӕ сыхаг ӕфсымӕрау дӕ цуры куы `рбалӕууа, дӕ хъыгыл хъыг куы кӕна, дӕ циныл – цин.
Цард кӕстӕрӕй фидауы фӕзӕгъынц. Ӕмӕ уый ӕцӕгдӕр афтӕ у. Хистӕр-иу кӕстӕрӕй домдта фыццаджыдӕр ӕгъдау ӕрмӕст ныхасӕй нӕ, фӕлӕ йӕ алы къахдзӕф, йӕ алы фӕзылдӕй дӕр. Мӕ райгуырӕн хъӕуы ӕфсарм кӕстӕртӕм бӕрзонд ӕвӕрд у. Акӕсут-ма фӕсивӕдмӕ. Хъӕуы цин кӕнӕ зианы хабар куы вӕййы, уӕд фӕсивӕдӕй хуыздӕр чи `рбалӕууы фӕкӕсынмӕ? Амӕй-ай сӕрӕндӕрӕй, иу иннӕйы фӕдыл кӕстӕртӕ, сӕ хъарутыл нӕ ауӕрдгӕйӕ, зардиагӕй ӕххуыс кӕнынц.
Сӕфӕн нӕй нӕ фыдӕлты фарнӕн, уымӕн ӕмӕ нӕ фыдӕлтӕ сӕ фарн мӕрдтӕм нӕ ахастой, уыдон ӕй уӕлӕуыл ныууагътой махӕн, кӕрӕдзийы фылдӕр уарзынӕн, амондджындӕр ӕмӕ зӕххыл рӕсугъддӕрӕй цӕрынӕн.
Ӕз, куыд ӕрыгон фӕлтӕры минӕвар, мӕ хӕсыл нымайын нӕ рӕсугъд фарны ӕгъдӕуттӕ бахъахъӕнын ӕмӕ сӕ дарддӕр хӕццӕ кӕнын фӕстагӕттӕм.
Хистӕр кадджын кӕм у, кӕстӕр – ӕгъдаудӕттӕг, уым ирон фарнӕн фесӕфӕн нӕй.
Обновлено: 11.03.2023
Ирон адæмы царды æгъдæуттæн сæ фæд цæуы рагон æнустæй, суанг скифты æмæ аланты замантæй. Кавказы иннæ адæмты ‘хсæн цæргæйæ, ирæттæн бантыстис се’гъдæуттæ æмæ сæ дин бахъахъхъæнын, ныры дугмæ сæ æрхæццæ кæнын. Кæй зæгъын æй хъæуы, ирон туджы фидардзинадимæ уымæн ноджыдæр ахъаз фæцис, аланты байзæттæгтæ тæтæры æмæ Тимуры æрбабырстыты фæстæ хæхбæсты цалдæр æнусы дæргъы хибарæй кæй цардысты, уый.
Файлы: 1 файл
Доклад на тему Осетинские обычаи На осетинском языке.docx
Ирон адæмы царды æгъдæуттæ
Ирон адæмы царды æгъдæуттæн сæ фæд цæуы рагон æнустæй, суанг скифты æмæ аланты замантæй. Кавказы иннæ адæмты ‘хсæн цæргæйæ, ирæттæн бантыстис се’гъдæуттæ æмæ сæ дин бахъахъхъæнын, ныры дугмæ сæ æрхæццæ кæнын. Кæй зæгъын æй хъæуы, ирон туджы фидардзинадимæ уымæн ноджыдæр ахъаз фæцис, аланты байзæттæгтæ тæтæры æмæ Тимуры æрбабырстыты фæстæ хæхбæсты цалдæр æнусы дæргъы хибарæй кæй цардысты, уый. Æмæ кæд фæстæдæр сарæзтой хæстæг æмæ фидар бастдзинæдтæ сыхаг адæмтимæ, уæддæр ирæттæн сæ фылдæр абон дæр фидарæй хæцы сæ Фыдæлты Фарныл æмæ рагон æгъдæуттыл.
Цæмæндæр, ныхас ирон æгъдауыл куы рацæуы, уæд фылдæр хатт райдайынц ирон бæрæгбæттæ æмæ фынджы æгъдæуттæй. Уыдон дæр ахсджиаг куыд нæ сты. Фæлæ ноджы ахсджиагдæр æмæ вазыгджындæр та сты ирон адæймаджы царды уаг, æфсарм, йæ ахастдзинæдтæ алыварс адæмимæ, сыхбæстæ-хъæубæстæимæ, стæй бинонты æгъдау. Цæй æмæ мах дæр уыдонæй райдайæм.
Ирон æхсæнады æхæстдзинæдтæ
Куыд зонæм афтæмæй, паддзахадон закъонтæ (engl.-Laws) ирон цардмæ æрцыдысты Уæрæсейæ æрæджы, иу-дыууæ æнусы размæ. Æргом зæгъгæйæ та, æххæстæй абон дæр уыйбæрц нæ ахадынц æхсæнады царды, зæгъæм Ныгуылæн Европæйы æмæ Америчы куыд ахадынц афтæ. Æнусты дæргъы Иры дзыллæйæн æнæфæцудгæ уыдысты æндæр закъонтæ – Ирон Æгъдау, Æфсарм æмæ Фыдæлты Фарн. Æрмæстдæр уыдонмæ гæсгæ арæзтой сæ цард. Уыцы æгъдæуттæ уыдысты рæстдзинад æмæ æргомдзинады бындурыл, цардæн йæхи арæзт. Хъуыдыгонд дзы уыдысты алы адæймаджы сæрибардзинад, йæ хæстæ æмæ йæ бартæ дæр.
Алы ирон æхсæнады дæр (кæмтты, хъæуты) уыдис æхсæнадон царды ахсджиаг уынаффæтæ кæм хастой, ахæм æмбырд – Ныхас. Уыдис сæм ноджыдæр адæмон Тæрхон дæр. Æмæ кæд Ныхасмæ ас нæлгоймæгтæ иуылдæр цыдысты, уæд Тæрхон кæныны бар та уыдис тæккæ дзырдарæхст, фендджын æмæ хиуылхæцæг лæгтæн. Цæвиттон, фидарæй зæгъæн ис – раджыйы заманты Иры кæмтты æмæ хъæуты цард адæмон демократийы бындурæвæрæн миниуджытæй цух кæй нæ уыдис.
Алы адæмтæм алыгъуызон цæстæнгас ис хорз цы у æмæ æвзæр, уымæ. Хатгай уыцы дыууæ хъуыддаджы хсæн бæрæг хахх ракæнæн нæ вæййы. Ирон адæммæ рагæй дæр бæлвырд уыдис, æвзæр æмæ худинагыл нымад цы у уый. Адæймаг кæд æхсæнады уæнг у (мыггаг, сыхбæстæ, хъæубæстæ), уæд хъуамæ йæхи афтæ дара, цæмæй уыцы æхсæнадæн æмæ йæ алыварс адæмæн æнад чи у, ахæм митæ ма кæна, ома йæхи æнæгъдау ма дара. Уырдæм хауы ныхасы уаг дæр. Худинагыл нымад уыдис, ирон лæг-иу йæхи хъуыддæгтæ æмæ йæхи пайда æхсæнады хъуыддæгтæй бæрзонддæр куы æвæртта, уый. Уымæй æгаддæр та уыдис, уыцы æхсæнадæн зиан хæссæг. Ахæмтæ æнæмæнг дзуапп лæвæрттой æхсæнады раз Ныхасы, кæнæ Тæрхоны.
Хистæрæн кад кæныны æгъдау дыууæрдæм фæндаг у. Фендджын æмæ зондджын хистæр кæддæридддæр йæхæдæг дæр аргъ кодта кæстæртæн, йæхи сæ цæсты ницæмæй æфтыдта, кæстæры раз æнæуаг ми кæнæ ныхас кæнын йæ сæрмæ нæ хаста. Абоны боны уый цы хистæр не’мбары, уый йæ кад уайтагъ фесафы.
Ирон царды алы уавæрæн дæр ис йæхи æгъдау. Иу ран гæнæн цæмæн ис, уый æндæр ран арæх нымад цæуы худинагыл. Алы æгъдауæн дæр ис йæхи бынат æмæ йæхи рæстæг. Хистæрты æмæ сылгоймæгты раз нæ уыдис хъæрæй дзурæн, загъд кæнын, æвзæр дзыхæй дзурын. Фынджы уæлхъус бадгæйæ дæр афтæ. Уымæй уæлдай ма хиуылхæцгæйæ адæм сæхи дарттой кувæндæттæм хæстæг, уæлмæрдты. Цæвиттон, ирон адæмы æгъдаумæ гæсгæ, царды уыдис бирæ хъуыддæгтæ, кæцытæ кæнын не’мбæлдис, кæцыты нымадтой худинаг æмæ æгадыл. Æмæ кæд алы адæймагæн дæр йæ бар йæхи уыдис, уæддæр æй йе’гъдау æмæ йæ æхсæнадон хæс хызтой æвзар ми кæнынæй. Стæм хатт-иу искуы ахæм куы разындис, æгъдау кæмæ нæй, йæхи, йæ мыгкаджы, йæ хъæубæстæйы худинаг чи кæны, уæд-иу ыл адæм сæхи атигъ кодтой, æнæуынон-иу сси, сæрмæ-иу æй ничиуал хаста. Раздæры заманты уый мæлæтæй æвзæрдæр тæрхон уыдис. Хатгай ахæмыл хъæубæстæ кодтой Хъоды (рус. – отвержение; engl. – an outcast). Хъодыгондимæ ничи кодта нæдæр дзургæ, нæдæр ын кодта æххуыс. Уынджы цы дуртæ ис, уыдонæй уæлдай-иу æй хъуыды дæр ничиуал кодта. Гъе стæй иннæтæй Хъодыйы æгъдау чи фехæлдтаид, уый йæхæдæгдæр хъуамæ æрцыдаид хъодыгонд. Ахæм карз æмæ æгъатыр æгъдау равзæрдис нæ рагфыдæлтæм æвæццæгæн уымæн, æмæ сæм адæмы фарн, адæмы цæстæнгас царды кастис тæккæ сæйрагдæр. Сæ кад æмæ намыс хъахъхъæдтой цæсты гагуыйау. Фылдæр-иу хъодыйы бæсты æнцонæй равзæрстаиккой мæлæт.
Искуы-иу лæгмард æрцыдис, кæнæ исчи карз æгъдауæй бафхæрдта иннæйы, хъуыддаг æнæмæнг цыдис туг исынмæ (Engl. – blood feud, vendetta). Хъуамæ æфхæрд чи арцыдис (кæнæ кæд йæхæдæг нал ис, уæд йе’фсымæртæ, æрвадæлтæ), уый йæ туг райстаид æфхæрæгæй, кæнæ йæ мыггаджы нæлгоймæгтæй. Æрмæстдæр уæд уыдис нымад, лæг йæ маст æххæстæй кæй райста. Кæд искæмæн йæ маст райсын йæ бон нæ бауыдаид, уæд кодта худинаг æмæ æгад. Иу лæгмард цыдис иннæмæ: алчидæр йæ хæсыл нымадта йæ туг райсын. Афтæмæй-иу хатгай тудджынтæ æгъатырæй кæрæдзийы цагътой бирæ æзты дæргъы. Уыимæ, хохаг адæм сæ маст никуы истой зæронд лæгтæй, сылгоймæгтæй æмæ сывæллæттæй. Уый уыдаид тынг æгад ми, æмæ йæ лæг йæхи чи хоны, уый йæ сæрмæ никуы хаста. Цыфæнды хъаугъа дæр искуы æрцæуы фидыдмæ. Тудджынты бафидауын кæнæнæн-иу комы, хъæубæсты дзырдзæугæдæр лæгты бахъуыдис стыр арæхстдзинад равдисын, дыууæ мыггаджы фарны бацæугæйæ. Ныры дуджы тугисыны æгъдау кæмæдæр зыны хъæддаг мийау. Фæлæ уæды рæстæг паддзахадон закъонтæ нæ уыдис, æмæ ацы æгъатыр æгъдау ирон æхсæнадон царды мидæг ахста йæхи бынат, стыр ахъаз уыдис быхсынæн, хиул хæцынæн.
Къамы — ныв ирон кафтæй «Лæгæй лæгмæ хæст»
Цымыдисаг æмæ вазыгджын у уайсадыны æгъдау. Чындз йæ цæрыны хæдзармæ куы бацæуы, уæд бинонты хистæртæм уайсадгæ фæкæны, ома сæ разы дзургæ нæ фæкæны. Уыцы æгъдау чындзæн ахъаз кодта йæхи куыд æмбæлы афтæ дарынæн: уæзданæй æмæ баронæй. Уыимæ, бинонтæ сæхæдæг дæр уайсадæг чындзы æфсармæй йæ разы нæ кодтой уæлдай ми кæнæ цы неۥмбæлы, ахæм ныхас. Ацы æгъдау ирон адæммæ ныртæккæ дæр ис. Фæлæ ныры хистæртæ чындзы дæргъвæтин рæстæг уайсадын нæ бауадзынц. Кусарт акæнынц, сæ сыхбæстæ æрхонынц, æмæ чындзмæ нуазæн авæргæйæ йæ сæхимæ сдзурын кæнынц.
Чызджыты та хъомыл кодтой уæздан æмæ хиулхæцæгæй, сылгоймаджы миниуджытæй æххæстæй. Къæйных ныхасгæнæг, æнæуæздан, лæгой арæзт чызг адæмы астæу уыдис худинаг. Ахæм хæдзармæ хорз усгур нæ цыдис. Уæдæ стыр æгаддзинадыл нымад уыдаид чызг лæппуты ۥрдæм æгæр куы кастис, уæд. Лæппу æмæ чызг кæрæдзийы зæрдæмæ куы цыдысты, уæддæр-иу фембæлдтæм не ‘згъордтой. Кæд-иу æнæнхъæлæджы кæрæдзийыл фембæлдысты æмæ дыууæ ныхасы загътой, уæд хорз. Исчи чызгмæ йæ æнгуылдзæй дæр бандзæвыдис – додой кодтаид йæ сæр. Уымæн æмæ ахæм цау æгас мыггагæн дæр æгаддзинад хаста. Лæппутæ æмæ чызджытæ æдæрсгæ æмбæлдысты кæрæдзиуыл æрмæстдæр иунæг бæнаты – хъазты мидæг. Куывдты æмæ чындзæхсæвты лæппутæ ерысæй æвдыстой сæ арæхстдзинад, сеۥгъдау. Æмæ-иу кæд зæрдæмæ чи цæуы, уыцы чызгимæ къухы бафтыдис акафын – уæд хæрдмæ дæ худ æппар. Уымæй уæлдай, симды (симд – ирон адæмон кафт) уыдис гæнæн чызджы цонгыл хæцгæйæ кафæн.
Ныры цард бирæ ивддзинæдтæ бахаста кæстæрты ахæстдзинæдтæм. Раздæр уæвæн кæмæн нæ уыдис, ахæм хъуыддæгтæ ныр æрвылбойнаг систы. Аивтой чызджытæ æмæ лæппутæ, кæд ма дзы бирæтæм фыдæлты фарнæй дзæвгар ис, уæддæр. Фæлæ ма абон дæр лæппутæн сæ фылдæр, бинонты хъуыддаг бакæныны афон куы æрцæуы, уæд фæкæсынц рог æмæ къæйных чызджытæм нæ, фæлæ нæ фыдæлтæ бирæ азты дæргъы аргъ цæмæн кодтой, уыцы миниуджытæ кæмæ ис, удонмæ.
Бирæ рæсугъд æгъдæуттæ уыдис æмæ ис ирон адæммæ. Сеۥппæтыл ацы ран аххæссын нæ бон нæ бауыдзæнис. Æгæр уæрæх æмæ вазыгджын сты. Фæлæ уæддæр архайдзыстæм ацы æрмæг фæбæстондæр кæныныл. Æрвитут нæм уæ хъуыдытæ æмæ фиппаинæгтæ.
Кæд дæхи ирон хоныс, уæд дæ зæрдыл дар, нæ адæмы фидæн дæуæй аразгæ кæй у, йæ хъысмæт дæу къухты кæй ис!
Дæ адæм дыл æвæрынц стыр хæс, æмæ сæ ма фæсай, гадзрахатæй сыл ма рацу, ма бафæзм чъизи æмæ æгъдаухалæг æвзæрты!
НÆ ИРОН ÆГЪДАУ – НÆ ФИДÆНЫ БЫНДУР
ИРОН КÆСТÆРÆН ЗÆРДЫЛДАРÆН
Нæ хорз кæстæр!
Кæд дæхи ирон хоныс, уæд дæ зæрдыл дар, нæ адæмы фидæн дæуæй аразгæ кæй у, йæ хъысмæт дæу къухты кæй ис!
Дæ адæм дыл æвæрынц стыр хæс, æмæ сæ ма фæсай, гадзрахатæй сыл ма рацу, ма бафæзм чъизи æмæ æгъдаухалæг æвзæрты!
Нæ рагфыдæлтæ нын нæ ныууагътой дурæй амад фидæрттæ, стыр сахартæ æмæ бирæ зæххытæ, фæлæ нын уыдоны ныхмæ ныууагътой стырдæр хæзнатæ: сæ миддунейы арф философи, сæ æвидийгæ культурæ, сæ диссаджы уæздандзинад æмæ аланты æвзаг.
Незамантæй нырмæ нæ ирон царды бындур уыдысты Ирон Æгъдау æмæ Адæмы Фарн. Æнæ уыдонæй ирондзинадæн уæвæн нæй, нæй йын фидæн. Æнæ уыдонæй ирон адæм æнæмæнг цæуынц сæфтмæ.
Сæфтмæ нæ абон тæрынц, æнæуаг ныхас æмæ æнæгъдау митæ худинаг кæмæ нал кæсынц, ахæмтæ. Уыдон барвæндонæй, кæнæ та æнæрхъуыдыйæ, халынц ирон адæмæн сæ рæбинаг цæджындз – нæ фыдæлтыккон царды æгъдау.
Бæрзонд бынæттæ, бирæ мулк, цæстмæ митæ, æдзæстуарзондзинад лæггæнæг систы, кæмæндæр та — æгъдаубарæн.
Карз нозт нæ цæлгæнгæ, кафгæ-заргæ сæрсæфæнмæ фæтæры. Бирæтæ уый нал æмбарынц, водка доны бæсты нуазынц. Хъыгагæн, уымæн тынг ахъаз сты иуæй-иу ас адæм дæр, карджын уæвгæйæ æгъдау чи нæ зоны, æмæ кæстæрты рæдийын чи кæны.
Фыдæлтæй баззад хистæрæн аргъ æмæ лæггад кæнын, йæ ныхасмæ йын лæмбынæг хъусын. Æмæ уыцы æгъдау хъуамæ махæн сæфт макуы уа. Фæлæ абоны царды хистæр æргом куы рæдийа, æгъдау куы хала, уæд æм нæ байхъусын къаддæр зиан хæссы, æнæгъдау ми бакæнынæй.
Уый ды фехалын ма бауадз!
Хъæддыхæй зон ирон агъдауы бындурон домæнтæ, йæ фæзилæнтæ, цы æмбæлы æмæ цы не’мбæлы, æмæ дæ уыцы зонд хондзæн фарны фæндагыл.
Абоны бон Ирон Æгъдау æмæ Ирон Æфсармы домæнтæн сæ сæйрагдæртæ сты:
— Адæмы ‘хсæн, æхсæнадон бынæтты зон дæхи дарын. Ма кæн хъæр, æнæфсарм, кæнæ схъæл ныхас. Дæхи ма стау, аргъ кæн алкæйы зондæн дæр. Фылдæр хатт бирæ зæгъынæй байхъусын пайдадæр вæййы.
— Ма кæн къуыдипп, схъиуд митæ. Зон хиуыл хæцын, уый фæрцы адæмы астæу уыдзынæ тыхджындæр æмæ фæрнджындæр.
— — Хæдтулгæ машина скъæргæйæ, аргъ кæн дæхи цардæн æмæ адæмы æдасдзинадæн. Хиуыл хæцын фæраз æмæ æрра, схъиуд цыд ма кæн. Дæ алыварс чи ис, уыдонæй æфсæрмы кæн, сæ фæндаг сын ма лыг кæн. Дæхи æгад æмæ æлгъыстаг ма кæн, адæмы фыдæх райсын бирæ у.
— Ирон нæлгоймæгтæ фембæлгæйæ хъæбыстæ никуы кодтой. Кæрæдзийы къухта-иу райстой æмæ-иу дзыхæй уæздан арфæ ракодтой.
Нæу дæуæн дæр сыхæгтæй æрбайсгæ хъæбыстæ кæныны æгъдау фæзминаг.
— У хайджын ирон æфсармæй. Уынгты, паркты, æхсæнадон бынæтты уром æмæ ма ‘вдис дæ монцтæ. Чызг æмæ лæппу кæрæдзимæ цы зæрдæ дарынц, уымæ хъуамæ адæм кинойау ма кæсой. Алцæмæн дæр ис йæхи бынат æмæ рæстæг.
— Зон æмæ æххæст кæн кæстæр-хистæры æмæ хистæр-кæстæры æгъдау. Кад кæн нæ фæрнæйдзаг хистæртæн, ис сæ зонд æмæ фæлтæр. Зон, ирон адæмы фарн хистæрæй кæстæрмæ кæй цæуы, æмæ фидæны дæ кæстæртæ уыцы фарн дæумæ кæй агурдзысты.
Ма йæ фесаф! Бахъахъхъæн æй цæсты гагуыйау! Ма фæкæн фæсмойнаг уыцы кæстæрты!
— Ма æрлæу бинонты æгъдау халджыты æмрæнхъ. Макуы райхъуысын кæн дæ хæдзарæй хъæр ныхас, загъды уынæр. Уый на адæммæ уыдис худинаг.
Аргъ кæн дæ ныййарджытæн, дæ цардæмбалæн, дæ бинонтæн.
— Зон дæ кæстæртæн раст зонд бацамонын, сæ адæмы уидæгтыл фидар баст куыд уой, сæ Райгурæн бæстæйыл – æнувыд. Саби фыццаг ныййарджыты бафæзмыны, æмæ дæ кæстæртæн кæддæриддæр у хорз æгъдау æвдисæг.
Бирæ кæстæртæ хæдзары амонд æмæ фидауц сты, фæлæ уыимæ дæ зæрдыл дар, уыдон нæ Иры фидæн дæр кæй сты, æмæ æппæт дæр дæуæй аразгæ кæй у.
— Дæ адæмы фарнимæ дæ фыццаджыдæр бæтты нæ ирон æвзаг.
Уый нæ æгæрон хæзнадонæн йæ бахизæн дуары дæгъæл у.
Ма йыл атигъ кæн дæхи!
Æдæрсгæ дзур, кæс æмæ фысс иронау! Бауарзын кæн уыцы æвзаг дæ кæстæртæн. Зон, æцæг ирон уый нæу, ирон бинонты ‘хсæн чи схъомыл ис, фæлæ йæхæдæг ирон кæстæрты чи схъомыл кодта.
Кæд ыл дæ уавæрты фæрцы, кæнæ ныййарджыты рæдыдæй афоныл нæ фæцалх дæ, уæд ныр хъуыддаг æрмæстдæр дæхицæй аразгæ у. Алкæй бон дæр у хи хъаруйæ йæ мадæлон æвзаг сахуыр кæнын.
— Ирон фынгæн стыр нысан ис. Уый у нæ аргъуан, нæ кувæндон.
Зон ирон фынджы æгъдæу, æмæ уымæ гæсгæ дæхи дар!
Дæ зæрдыл бадар, ирон адæм хæрд æмæ нозтыл зыд нæ кодтой, зыдтой дзы бæрц. Расыггæнæг уыдис худинаг, зарæггаг.
Карз нозт æгъдаухалæг у, нæ сафæг. Маргау ахъардта на адæмы тугдадзинты æмæ нæ иугай цæгъды. Æппæтæй хуыздæр, дæ къух ыл бынтон куы сисай, уый. Незамантæй, хорæй конд бæгæны уыдис нæ адæмы кадджындæр нозт. Хорз аргъ кодтой къуымæлæн дæр.
Дунейы кадджын адæмтæй никæцы нуазы водка дзаг агуывзæтæй. Уый нымайынц хъæддаг мийыл. Никуы уыдис нæ фыдæлтæм дæр ахæм æгъдау. Æмæ афтæ чи зæгъы, ирон фынджы уæлхъус æрмæстдæр карз нозтæй кувгæ у, уый ирон æгъдауæн æппындæр ницы æмбары.
Æгъдаухалджытæ сты гуыбындзæлтæ æмæ расыггæнджытæ.
Абон уыдонæй бирæтæ уынаффæгæнджытæ систы. Хатгай бадынц хистæрæн, нозтæй тых кæнынц, халынц ирон æгъдауы бындурон фæтк.
Ирон æгъдауы фæрæзтæй сын зон уæзданæй, фæлæ фидарæй ныхкъуырд дæттын!
— Фæстаг рæстæг фæсивæдæн фæзындис бирæ ног фадæттæ кæрæдзиимæ зонгæ æмæ ныхас кæнынæн. Уыдонæй иу у интернет. Æмæ уыцы ран ирон фæсивæд хъуамæ сæ зæрдыл æдзухдæр дарой, мингай адæмтæ сæм фæйнæрдыгæй кæй кæсынц æмæ æгас ирон адæмæн уымæ гæсгæ тæрхон кæй кæнынц.
Зон, дæ фыдæлтæ сæ кæртмæ дæр гуыбынгомæй нæ хызтызты, сæ монцтæ адæмы размæ нæ хастой, дзæгъæлдзырд æмæ æнæуаг ныхас нæ кодтой.
— Тырн хæрзхъæд ахуырмæ. Уый фæрцы рацыдысты нæ ирон адæм раззагдæрты æмрæнхъ. Царды мидæг архай зондæй, фæлтæрæй, уды хъаруйæ.
Зон зындзинæдтæн, цæсгом æнæфæчъизигæнгæйæ, фæразын. Худинаг æмæ æгадæй дæхи хиз. Худинаджы бæсты-иу мæлæт æвзæрстой дæ фыдæлтæ.
— Ныры рæстæг тызмæг у. Бирæты смæгуыр кодта, къæсæргæронмæ сæ раппæрста. Фæлæ куыстуарзонæй мæгуыр худинаг никуы у, куыд нæу худинаг хи куыствæллойæ амад мулк дæр. Худинаг у давын, мæгуыр адæмы сайын, стъигъын, гæртамтæ исын. Уыдонмæ ма бабæлл. Адæмы фыдæх стыр æмæ ахадгæ у. Ахæм хъæздыгдзинады та амонд нæй.
Дæ ирон цæсгом æхцайыл æмæ бæрзонд бынæттыл макуы ауæй кæн.
Зон æмæ æмбар дæ алыварс цы мæгуыр адæм ис, уыдоны. Мæгуырæн баххуыс кæнын фарны хъуыддаг у.
— Алы адæймагæн дæр аргъ кæн йæ дзыпп æмæ йæ бынатмæ гæсгæ нæ, фæлæ йæ удыхъæдмæ гæсгæ. Чи цы у, уый йæ хъуыддæгтæй бæрæг вæййы. Лæгдзинад æхцайæ баргæ нæу. Йæ сыхы, йæ хъæубæсты мидæг, адæмы домæнтæ хи пайдайæ бæрзонддæр чи æвæры, уый уыдис кæддæриддæр арфæйаг, адæмæн уарзон.
— Адæмтæ иуылдæр æмсæр æмæ æмбар сты. Нæй дзы хуыздæртæ æмæ æвзæрдæртæ. Дæ фыдæлтæ кæддæриддæр аккаг аргъ кодтой иннæ адæмтæн, цæвиттонæн сæ хастой. Уыцы зондæй хайджын у ды дæр.
Фæлæ æппæты фылдæр уарз дæ ирон адæмы æмæ дæ райгуырæн Ирыстон.
Макуы ракан знаггад дæ адæмæн, нæдæр хъуыддагæй, нæдæр ныхасæй!
Æппæт хъаруыйæ архай йæ кад, йæ намыс бæрзонд сисыныл, нæ адæмы иудзинадыл!
-Ныры заман нæ фæсивæдæй бирæты сæ балцвæндæгтæ ахастой Ирыстонæй дард. Æмæ кæмфæнды куы уай, уæддæр макуы рох кæн дæ райгуырæн бæстæ, дæ мыггаг, дæ адæмы. Хуыздæр цард агургæйæ сыл ма ауигъ дæ къух. Зон сæ минæвар кæй дæ, æмæ дыл хорз æгъдау æвдисыны хæс æвæрд кæй ис.
Уастырджийыл дæхи фæдзæхс, æмæ дæ рæствæндаг кæнæд!
Нæ домбай фæсивæд!
Сымах стут нæ фидæн, нæ зæрдæдарæн æмæ нæ цардаразæг!
Мæ бауадзут фесафын нæ фыдæлты æгæрон хæзнатæ: Ирон Æвзаг, Ирон Æгъдау æмæ Фарн!
Макуы ацæут æнæгъдаудзинады фæндагыл!
Фидар хæцут нæ адæмы фыдæлтыккон уидæгтыл, бафсадут сæ уæ лæгдзинад, уæ цыргъзонд æмæ уæ хæрзæгъдауæй, уæ ныфс, уæ хъаруйæ, нæ ирон адæммæ уæ æгæрон уарзондзинадæй!
Æмæ уын уæ фæрнджын фæндагыл Дуне Сфæлдисæг Иунæг Кадджын Стыр Хуыцау æххуысгæнæг уæд!
Алы адæймагæн дæр ис нысан йæ царды. Йæ райгуырдæй фæс-тæмæ сывæллонæн ныййарæг мад бауарзын кæны Райгуырæн зæхх, йæ радтæг адæмы. Æмæ уыцы амындимæ райдайы фыццаг къахдзæфтæ кæнын царды фæндагыл. Тынг дæрзæг, уæззау æмæ даргъ у уыцы фæндаг. Æмæ алкæйы хæс дæр у рæстагæй, æнæфæцудгæйæ, йæ сомбоныл хъуыдыгæнгæйæ, йæхицæн йæ адæмы ‘хсæн рæсугъд, хорз ном скæнын, йæ фæстæ ныууадзын хорз хъуыддæгтæ æмæ фарны фæд.
Адæймаг йæхи æмбарыныхъом куы фæвæййы, уæд æй хъæуы ахъуыды кæнын, цы у сæйрагдæр æмæ йыл цы хæстæ ис царды, æппæт уыдæттыл. Уыцы хæстæн та сæ ахсджиагдæр у куыст. Хъуамæ алчи дæр тырна уымæ, цæмæй йын адæмы ‘хсæн уа кад, аргъ ын кæной, йæ алыварс чи ис, уыдон. Уый та аразгæ у адæймагæн йæхицæй. Æгъдауджын, цæстуарзон куы уай, адæмимæ хæларæй куы цæрай, царды исты хорздзинад ныууадзынмæ куы тырнай, уæд, зæгъæн ис, дзæгъæлы нæ райгуырдтæ. Хорзы ном хæссыныл бирæ фыдæбон ис. Йæ царды хабæрттæ кæсгæйæ, цæстыты раз ирдæй сысты, хуымæтæг адæмы ʹхсæнæй чи рацыд; цардмæ, адæммæ йæхи сæрмагонд цæстæнгас кæмæн ис, дунейы хъуыддæгтæн æмæ рæстдзинадæн йæхи барæнæй аргъ чи кæны, хорз æмæ æвзæр искæй ныхæстæй чи нæ зоны, ахæм адæймаг.
Фыссæгæн дæр æмæ поэтæн дæр курдиат æрдзæй лæвæрд куы нæ уа, уæд йæ фыдæбæттæ цыфæнды рæсугъд куы уой, фæлæ сæ апп куы нæ уа, уæд сæ æппындæр ницы пайда ис, нæдæр йæхицæн, нæдæр адæмæн. Уыдзысты хуымæтæг, кæрæдзийыл рæсугъд амад рæнхъыты къорд. Фæлæ дæ иугæр æрдз курдиатæй фæхайджын кодта, йæ мидбылты дæм фæлмæн куы бахуда, уæд æй зон, уый хуымæтæджы фæзынд кæй нæ у.
Фыссæн сис йæ къухмæ чи райсы, уымæн йе сфæлдыстадон уацмыстæ нысанмæздæхтæй амонынц æхсæнадмæ, адæммæ. Хъæуы хиуыл кусын цæрæнбонты дæр. Хъуамæ дæ уд æмæ дæ цард снывонд кæнай адæмæн. Цины дæр æмæ хъыджы дæр уай сæ фарсмæ. Дæ уынд сын уа æхцон, дæ дзырд — зæды дзырд. Æрмæст ацы миниуджытæм тырнын хъæуы…
Адæймаг цы дæсныйады фæндагыл ныллæууы, уый хъуамæ хæсса æхцондзинад æмæ пайда æрмæст йæхицæн нæ, фæлæ ма йæ алфæмблайы цы адæм ис, уыдонæн дæр. Адæмы хорзæхæй стырдæр хорзæх та нæй а-зæххыл. Лæгæн йæ авдæнæй йæ ингæнмæ Хуыцау цас рæстæг радта, уыцы æмгъуыд хъуамæ йæ адæмы раз къæмдзæстыг мацæмæй уа. Æнæ сыгъдæгзæрдæ фæллойæ, æнæ намысæй фæцæрæн нæй. Стыр худинаг у æгуыстæй бадын, искæйы мулкмæ кæсын, уынгты дзæгъæл лекка кæнын. Уый у стыр цæлхдур нæ абоны царды размæцыдæн. Хъуамæ алы адæймаг дæр йæ хæс зона: кæй у æхсæнады уæнг, кæй йæ хъæуы фæллой кæнын, йæ дарддæры цард аразын.
Иуӕй-иу адӕймагæн зын у йӕхи ӕрмӕст иу профессийы фæлгæтты ӕвӕрын. Йӕ гоймагдзинады бирӕвӕрсыгдзинад ын бар нӕ фæдӕтты ӕрмӕст иу хъуыддаг аразын. Йӕ дыккаг профессийы тыххӕй дӕр Никъала дзуры зӕрдӕрадӕй. Куыд йе ‘мкусджытæ, афтæ горӕты цӕрджытӕ се ‘ппӕт дӕр тырнынц, цӕмӕй сӕ къахыдарӕс бацалцӕг кӕнынмӕ бахӕссой æрмæстдæр Никъаламæ, уымӕн ӕмӕ йӕ куыст алыхатт дӕр вӕййы цӕсгомджын ӕмӕ зӕрдӕмӕдзӕугӕ. Цыфӕнды куыст дӕр ӕнувыд ӕмӕ намысджынӕй куы кӕнай, уӕд уый ӕнӕхъусдард никуы баззайы.
Никъала ма иттæг хорз цæгъды ирон музыкалон инструменттыл. Музыкæ æппынæдзух ис йæ зæрдæйы.
Зарæг адæмы зæрдæ у. Адæмæн сæ миддуне, сæ характер, сæ удыхъæд, сæ сурæт кæй æвдисы, уый мах хорз зонæм. Адæмон музыкæйы сусæг æнкъарæнтæ ирдæй равдисын тынг стыр зонындзинæдтæ æмæ сфæлдыстадон фæлтæрддзинад хъæуы. Уыдонæй Никъала у æххæст æппæтварсонæй дæр.
Уыцы уæздандзинад махæн, ирон адæмæн, æвæццæгæн, нæ фыдæлтæй баззад. Æфсармæй æгъдау цæуы, æгъдауæй та — намыс. Уымæн æмæ æгъдау у царды мидис, æхсæн царды мидис æмæ йæ куыд арфдæр æнкъарай, куыд рæсугъддæр, мидисджын-дæрæй йæ æххæст кæной, афтæ дæ намыс кæндзæн тыхджындæр. Адæймаг æнусты нæ цæры, æнусты цæрынц йæ кад кæнæ — йæ худинаг. Ном лӕгӕн йӕ кад у, йӕ царды сӕр.
Ноджыдæр фæрнæй кус, Никъала, æмæ дæм бирæ азты стырдæр æнтыстытæ æфтæд. Дæ сызгъæрин къухтæ фæрнæй фæдар.
Эти молитвы занимают важное место в осетинском священнодействии, ошибиться в них нельзя. Правда, в каждом ущелье есть свой, особо почитаемый святой, в зависимости от этого второй или третьи молитвы бывают посвящены своему святому.
Скажем, в Куртатинском ущелье это — Дзивгис, в Архонском и Санибинском — Реком, в Уаллагкоме — Сонгута, в Тибе — Таранджелос, в Тырсыгоме — Саниба и т.д.
1-аг. Стыр Хуыцауы тыххӕй
Дунедарӕг кадджын Стыр Хуыцау, да хорзӕх ӕмӕ нӕ дӕ арфӕ уӕд. Де ‘сфӕлдыст адӕм стӕм ӕмӕ нын дӕ хорздзинадӕй хай бакӕн! Ӕнӕнизӕй, уарзонӕй, ӕнӕмастӕй куыд цӕрӕм, ахӕм амонд на уӕд!
2-аг. Уастырджийы тыххӕй
Уастырджи! Байраг-бӕхгӕнӕг, лаппу-лӕггӕнӕг, фӕндаггоныфарс цӕуӕг дӕ; нӕ бӕлццӕттӕ де ‘уазӕг, бынӕттонтӕ Хуыцауы уазӕг, афтӕмӕй амондджын хъуыдӕгты лӕуд куыд уӕм, ахӕм амонд нын ратт.
3-аг. Тбау-Уациллаӕйы тых-хӕй
ТБАУ-УАЦИЛЛА! Амонддӕттӕг, — фыдбылыз сафаг у. Нӕ фыдбы-лызтӕ нын фесаф, нӕ амонд нын уӕлӕхиз фӕкӕн! Алкӕйы хӕдзары бинонтӕ дӕр амондджын уӕнт!
4-ӕм. Куывд кӕй тыххӕй у
(балццон, ноггуырд, чындзхаст, ӕмӕ афтӕ дӕрддар)
а) Мадымайрӕмы лӕвар — ноггуырд — амондджынӕй схъомыл уӕд! Мыггаггӕн, мад ӕмӕ фыдӕн, дзыллӕтӕн цардыхос хӕссӕг гуырд фӕуӕд! Хъӕбатыр, кадджын лӕг ӕй Хуыцау скӕнӕд!
б) Бӕлццон алыбон ‘гас ӕрцӕуӕд! Йӕ балц хорзӕй ахицӕн кодта, ӕгаддзинад йӕ сӕрмӕ не ’рхаста, кадджын, амондджыннӕй куыд цӕра, ахаем арфӕ йӕ уӕд!
в) Чындзӕхсӕв кӕй тыххӕй у, уыдон: Хасан ӕмӕ Розӕ амондджын бон баиу уӕнт, ӕмкъай — ӕмзайӕ базӕронд уӕнт. Сӕ цӕсгом ма фӕчъизи кӕнӕнт, дыууӕ мыггаджы фидар бабӕттӕнт.
5-ӕм. Бынаты хицауы тыххӕй
Бынаты хицауы хорзӕх нӕ уӕд, бынаты цы рӕсугьд хъуыддӕгтӕ цӕуы, уыдон амондджын фӕуӕнт, бинонтӕ дзы цардӕй бафсӕдӕнт, сӕ хъуыддӕгтӕ рӕстмӕ цӕуӕнт кӕддӕриддӕр!
6-ӕм. Алардыйы тыххӕй
Аларды — сывӕллӕтты дзуар, нӕ сабитӕ де ‘уазӕг! А бӕстӕм куы ‘рцӕуай, уӕд нӕ хъазгӕ-худ-гӕйӕ ныууадз. Сабитӕ де ‘уазӕг, стыртӕ — Хуыцауы уазӕг, афтӕмӕй нӕ дӕ хорзӕх уӕд!
7-ӕм. Хетӕджы Уастырджы, дунейы фарны тыххӕй
Хетӕджы Уастырджы, дунейы фарн ахӕм арфӕ ракӕнӕд ӕмӕ дӕунейыл сабырдзинад куыд фӕуӕлахиз уа, фӕсивӕд хӕстӕн куыд никуыуал бахъӕуой, фӕлӕ фӕллойыл фыдӕбонгӕнӕг уӕнт.
9-ӕм. Реком-Мыкалгабыр, Хоры Уацилла, фосы Фӕлвӕра
Реком-Мыкалгабыр, зӕххон адӕм Цӕрӕзонтӕн хорз амонд раттой, абон дӕр уыцы амондӕй амондджын сты, ӕппӕт адӕмӕн дӕр амонд хӕссӕг фӕуӕнт!
Хоры Уацилла, фосы фӕлвӕра, нӕ хор, нӕ фосы бӕркад нын макуы фесафут, нӕхи къухы фӕллойы руаджы нын бӕркадджынӕй-бӕркадджындӕр кӕнӕнт.
10-ӕм. Бӕркад — амонды тыххӕй
Бӕркад амонд Хуыцау раттӕд, хӕдзары чысыл бакуысты бирӕ амонд куыд уа, ахӕм арфӕтӕ мӕ Мыкалгабыртӕ, Хоры — Уацилла ӕмӕ Фосы Фӕлвӕра ракӕнӕнт.
11-м. Къӕсӕрты тыххӕй (кӕронбӕттӕн)
Хӕдзары къӕсӕртыл амондджын уазджытӕ фӕхизӕнт, бинонтӕй балцы чи цӕуа, уый амонджын къӕсӕрыл ахизӕд, хорз фӕндӕгтыл фӕцӕуӕд ӕмӕ дзагармӕй, ӕнӕнизӕй йӕ хӕдзарыл сӕмбӕ-лӕд!
Единый Бог вселенной, славный Великий Бог, да будет над нами твоя благодать и твое благословение. Мы — созданный тобой народ, удели же нам от благ твоих, чтоб мы жили в здоровье, любви и покое дай нам такого счастья!
Уастырджи, делающий жеребенка конем, мальчика — мужчиной, сопровождающий путников! Наши путники — твои гости, наши домашние — Божьи гости; да будут наши дела удачными — дай нам такого счастья!
3. К Тбау Уацилла
Тбау Уацилла, дарующий счастье, избавляющий от бед, уничтожь наши несчастья, укрепи нашу удачу! Пусть будет счастье в каждом доме, в каждой семье!
4. О том, кому посвящен пир
(путник, новорожденный, невеста и т.д.)
а). Мадымайрӕм! Пусть твой подарок — новорожденный — вырастет счастливо! Пусть несет добро фамилии, отцу с матерью, людям. Пусть Бог сделает его могучим и славным мужем!
б). Да прибудет к нам путник во здравии! Он успешно закончил свой поход, не допустил бесславных дел, пусть живет в почете и счастье!
в). О тех, чья свадьба: Пусть в счастливый день соединятся Хасан и Роза, пусть состарятся вместе, душа в душу. Пусть не запачкают своего лица, крепко свяжут друг с другом две фамилии!
5. О Хозяине Места (Бынаты-хицау)
Да будет над нами благословение Хозяина Места! Да будут счастливы прекрасные события, происходящие в этом месте, пусть семья насладится жизнью, и да будут удачны их дела!
Аларди, покровитель детей, наши дети — твои гости! Если придешь в нашу страну — оставь нас веселыми и счастливыми. Дети твои гости и Божьи гости, да будет нам твое благословение!
7. О Хетӕджы Уастырджи и Фарне Вселенной
Хетаджы Уастырджи Фарн Вселенной, дайте такого счастья, чтобы во вселенной победил мир, чтобы молодежи никогда не понадобилось воевать, пусть будет занята только трудом!
8. О равниных и горных ангелах и духах
Наши равнинные Цыргъ Обау, Пехуымпар, вокруг вас растут наши злаки; пожелайте, чтоб каждый год богато уродились зерно, овощи и фрукты. Пусть ваше зерно и наш труд дают нам возможность обращаться к Богу — да будет такое счастье молящимся людям!
9. Реком — Мыкалгабыртӕ, Хлебный Уацилла, Овечий Фӕлвӕра
Реком — Мыкалгабыртӕ дали земным людям (из рода) Царазонта удачи и счастья, и сегодня оно есть у них, так пусть принесут счастье всем людям!
Хлебный Уацилла, Овечий Фалвара, вовеки не лишайте нас изобилия зерна и скота, пусть их становится все больше благодаря труду наших рук!
10. О счастье и изобилии
Дай Бог счастья и изобилия, чтобы в доме даже от малой работы было изобилие и большое счастье — да будет на то воля Мыкалгабырта, Хлебного Уацилла и Овечьего Фалвара.
11. О пороге (завершающий)
Пусть счастливые гости переходят через порог дома; пусть счастливый порог переступит и тот, кто из семьи отправляется в путь, пусть пройдет он по хорошим дорогам и здоровым, с полными руками вернется в дом!
Не забудьте включить GT в список источников, которые будут вам попадаться время от времени:
Также будем рады вам в наших сообществах во ВКонтакте, Фейсбуке, Одноклассниках.
Читайте также:
- Сочинение как вы понимаете значение слова любовь
- Трамвайный вагон подходил к остановке сочинение егэ
- Материнское сердце в детях а детское в камне сочинение
- Стремление изменить общественный строй базарова сочинение
- Мини сочинение нужны ли рыцари сегодня
OBRAZOVALKA.COM
OBRAZOVALKA.COM — образовательный портал
Наш сайт это площадка для образовательных консультаций, вопросов и ответов для школьников и студентов .
На вопросы могут отвечать также любые пользователи, в том числе и педагоги.
Консультацию по вопросам и домашним заданиям может получить любой школьник или студент.
Краткое описание документа:
Темæ: «Хистæрты фарн». Хъайттаты Сергейы радзырд «Ирæд».
Нысан: Æрдзурын хистæрты фарны тыххæй; раргом кæнын ирон адæмы царды хистæр æмæ кæстæры хицæндзинæдтæ; скъоладзауты ахуыр кæнын хистæрæн аргъ кæнын, уымæн кад кæнын, зондыл сæ ахуыр кæнын.
Урочы фæлгонц: ирон æмбисæндтæ хистæры зонд æмæ фарны тыххæй иу стендыл.
Урочы эпиграф: Хистæрæн кад чи кæны, уый йæхи кадджын кæны.
Урочы цыд.
I. Организацион хай.
II. Ахуыргæнæг райдайы магнитафоныл фыст ирон зарæг «Нæ буц хистæртæй».
Йæ разныхасы сывæллæттæн æмбарын кæны урочы темæ æмæ хæстæ. Пайда кæны фæйнæгыл фыст æмбисæндтæй.
¨ “Хистæрæн йæ фындз асæрф æмæ йæ зондæй бафæрс”.
¨ “Æгъдау лæггæнæг”.
¨ “Хæдзары æгъдау хистæрæй цæуы”.
Ахуыргæнæг: Æгъдау Иры адæмæн баззад цыкурайы фæрдыджы хуызæн.æцæг цыкурайы фæрдыг алы адæймаджы къухы нæ бафты, æгъдау та адæймагæн йæхицæйаразгæ у.Бирæ ис, скъолайы чи нæ ахуыр кодта, фæлæ æрдзæй иттæг зонындзинæдтæ, иттæг зондджын чи равдыста ахæм адæймæгтæ. Стыр зонды хицауæй амыдтой ирон адæмы Санаты Семы. Йæ хорзы кой, йæ цыргъзонд ныхæстæ æмæ æмбисæндтæ ныронг дисæн хæссынц адæм.
Семы æмбисæндтæ чи нæ фехъуыста, уæлдайдæр зæронд фæлтæрæй, ахæм нæй. Йæ ном ын чи нæ зоныæмæ афтæ чи нæ фæзæгъы: “Санаты Семы хуызæн раст дзуры, зæгъгæ”,ахæмтæ бирæ нæй.Стыр зондджын адæймагыл нымад уыдис Сем, уыд адæмы уарзон. Адæмы уырныдта, Сем цы зæгъа, уымæн æнæрцæугæ нæй. Мæнæ ма æрбайхъусут иу цыбыр æмбисондмæ:
«Иухатт, зæгъ, Санаты Семы бафарстой: — Сем, зСемы бафарстой: — Сем, зæгъ-ма, æппæты зындæр хъаймæт цы вæййы?
— Адæм се`взаг, се`гъдауыл сæ къух куы сисой, кæстæр хистæры куынæуал æмбара, адæмы фæтк хæлд куы уа,æфсарм куы фесæфа, æууæнк куы нæ уал уа, уæд ацы хæдзарау цард дæр басудзы.
Лексикон куыст: дзырд «хъаймæт» — ы нысаниуæг (потоп, кончина, мира – Абаев В.И. «Историко – этимологиский словарь осетинского языка, II том, 256стр.»)
— Абон нæ уросы арæх пайда кæндзыстæм дзырд «æгъдауæй».æркæсæм мА йын йæ этимологимæ.
Æгъдау – обычай, норма поведения может быть восходит к согдийскому «афдау» — судья. Дзырд « Æгъдау» — æн уæрæздæрнысаниуæг ис, фæлæ мах абон дзурдзыстæм хистæры зонд æмæ фарны тыххæй. Ирон адæммæ бирæ æмбисæндтæ ис хистæры зонды тыххæй:
¨ Хистæр – зондамонæг, кæстæр – æгъдаухæссæг.
¨ Зондджын хистæр дзуар у.
— Хистæрæн кад кæнын райдайын хъауы хи ныййарджытæй. Мæнæ цы фыст ис уый тыххæй I – аг ирон чиныджы:
«Циткин дар дæ фиди æмæ дæ мадии, хæрзтæ дын уыдзен æмæ берæ уыдзынæ бæстул»
Цырыхаты Михал.
Фыды уæзæг, ныййарæг мад
Кæмæй фæвæййынц рох.
Уый хойы, хойы зилгæ уад,
Йæ фæстаг бон – фыдох…
Къæвда рæстæг йæхи зæххыл
Кæмæй æмбæхсы хур,
Уый ацæуæд тæргæ бæхыл
Æндæр бæстæм зынггур.
Нæ цъæх быдыр, нæ урс хæхтæ
Кæй рахойынц сындзау,
Уый ма хæссæд йæ гом къæхтæ
Чындзæхсæвмæ хуындзау.
Ирон цухъа, ирон куырæт
Кæмæн не`сты цытау
Уый махæрæд,уый ма хæрæд
Ирон хойраг сынтау.
Балаты Альберт: Нæ адæмæй абон бирæтæ ирон æгъдау сæ сæрмæ нал хæссынц, тæрсынц «националист» мæ куы рахоной зæгъгæ Балаты Альберт ахæмтæн дзуапп дæтты нæ урочы девизы ныхæстæй: «Ирондзинад тынг зын у хæссын».
Иронау цн».
«Иронау цæрын у зæххыл мæ хæс».
Куы федтон хорз адæмтæ бирæ –
Нæ хæссын уыдонмæ æз фау,-
Кæд тынгдæр бамбæрстон, нæ Ирмæ
Кæй ис рæсугъд фæтк æмæ `гъдау.
Фæлæ цы лæг хона мæлинаг
Йæ туг, йæ хорз æгъдау, йæ фыст,-
Уый у дыууæ хатты кæуинаг,
Уый у дыууæ хатты æлгъыст.
Уæдæ ирон зарæг кæй уарзын,
Кæй у Къоста мæ уыд. мæ рис ,
Хæссыс мæм уый тыххæй кæд азым,
Уæд – иу мæ хон «националист».
Мæнæн мæ хур, мæ цæст – мæ бæстæ,
Мæ судзгæ уарзт, мæ бон, мæ ис.
Мæ сæр бæрзонд хæссын йæ цæстыл –
Æмæ мæ хон «националист».
Куы`ртайа боны рухс мæ цæстыл –
Иронау мын ыскæнут хист,
Куыд зæгъой ме`знæгтæ мæ фæстæ
«Мæрдты дæр у националист».
Ахуыргæнæг: Нæ абоны урочы мах æрдзурдзыстæм Хъайттаты Сергейы радзырд «Ирæд» — ыл.фæлæ цалынмæ радзырды мидис æвзарын нæма рвйдыдтам, уæдмæ мæм фæнды цæмæй дайхъусиккат Къарджиаты Бекуызæ йæ чиныг «Ирон æгъдæуттæ», зæгъгæ, уым хæдзары хистæры тыххæй цы зæгъы, уымæ.
1-æм скъоладзау: ( рагацау бацæттæ кодта ахуыргæнинаг Къарджиаты Бекуызæйы тыххæй, стæй йæ чиныджы хистæрты тыххæй цы зæгъы, уыцы æрмæг). «Ирон фыдæлтæй бирæ алыхуызон æгъдæуттæ баззад. Бирæтæ дзы цæстыгагуыйау хъахъхъæнинаг сты, ногæй сæм раздæхын хъæуы – нæирæзгæ фæсивæдмæ æфсарм, намыс æмæ лæгдзинад цæмæй уа, уымæн стыр ахъаз сты. Хистæр кæстæрæн фæндагамонæг у, фæлтæр фæлтæрæн йæ фарн ныууадзы, æмæ йыл стыр зæрдæ чи у, куыдфæндыйæ цæстæй йæмчи кæсы, уымæн нæй зæддæр æмæ дуаг дæр, нæй йын фидæн, уый фыдвæнд фæуыдзæни. Нæ номдзыд фыдæлтæ та афтæ загътой: «Фыдвæндæй æвæд хуыздæр». « хистæры ныхмæ дзурын, йæ ныхас ын не`ххæст кæнын бинонтæй никæй бон уыд, суанг ас лæгбæй дæр.
Хистæр иу бинонты алырдæм арвыста, алы куыст кæнынмæ. Чи сæ цы бакуыстаид, уый лæвæрдта хистæртæм. Балцы куы цыди кæстæр, уæддæр хъуамæ бафарстаид хистæры. Никæцы кæстæрæн уыд йæ бон чындзхæссæг ацæуын, ирæд исынмæ, мардмæ ацæуын, сиахсы цыд акæнын æмæ æндæр ахæм рæттæм ацæуын, цалынмæ хистæр дзырд радтаид, уæдмæ. Кæстæрæн – иу ус ракурын йæ бон уыд, цалынмæ – иухистæры бафарстаид, уалынмæ. Кæстæр – иу æфсæрмы кодта хистæрмæ бацæуын, ус мын ракурут, зæгъгæ. Стæй йын – иу куы ракуырдтой, уæддæр – иу нæ уæндыд æргом рацæуын хистæры цурмæ, афтæ кадджын уыд ирон хæдзары хистæр».
2-аг скъоладзау та дзуры Хъайттаты Сергейы уац «Хъомылад» æмæ «Хистæрты тыххæй», зæгъгæ уыцы уыцы æрмæгæй пайдагæнгæйæхистæрты æмæ кæстæрты æхсæн ахастдзинæдты тыххæй.
III. Ног æрмæгмæ рахызт
1. Ахуыргæнæджы разныхас: Зондджын хистæрæн кæстæрæн дзуар у. Хистæры рабæрæг вæййы афтид ныхæстæй нæ, фæлæ хъуыддаджы, нæ адæмы царды. Нæ аив литæратурæцардимæ баст у. нæ фысджытæ сæ диссаджы уацмыстæн æрмæг цардæй райсынц. Афтæ арæзт у Хъайттаты Сергейы радзырд « Ирæд» дæр. Бæстон дзы равдыста ирон лæджы зонд æмæ куырыхондзинад, та царды сæйрагдæр принциптæ.
Мыртазты Барисмæ ис диссаджы æмдзæвгæтæ, сæ иу у ирон адæймаг зæххыл цавæр æгъдæуттæм гæсгæ хъуамæ цæра, уый тыххæй. Уый тынг хæстæг лæууы йæ хъуыдымæ гæсгæ Серргейы радзырд «Ирæд»-мæ. Байхъусут мА йæм.
Ирон æгъдау куы нал зона ирон
Уæд уый уыдзæн æнæ уидаг бæласау.
Ирон æвзагæн чи кæна кæрон,
Уый хъуамæ Ирæй хæхты зæй фæласа!
Нæ фæнды мæн, æндæр дæттимæ æз
Мæхи хæхты куыд ысхæццæ уон донау
Иронау цæрын у зæххыл мæ хæс,
Мæмæ дæр хъуамæ акæнон иронау!
2. Хъайттаты Сергейы радзырды анализæн фæрстытæ:
-Хæдзармæ хæслæвæрд уын уыдис Хъайттаты Сергейы радзырд « Ирæд» бакæсын. Æрдзурæм ма йын уæдæ йæ мидисыл.
— Радзурут цыбырæй радзырды сюжет.
— Цавæр цалхдуртæ æвæрд уыд Хуысинæ æмæ Хъуыдинæйы амонды раз?
— Раст бакодта Хъуыдинæ, фыдæлты æгъдæутты сæрты кæй ахуызт, уымæй?
— Хъуыдинæйы скъæфты хъуыддаг разыйаг н раз?
— Раст бакодта Хъуыдинæ, фыдæлты æгъдæутты сæрты кæй ахуызт, уымæй?
— Хъуыдинæйы скъæфты хъуыддаг разыйаг нæ уыди, уый цæмæй бæрæг у?
— Æнæбары хъуыддаг æрцыд – фæмард Хъуыдинæ. Цы уавæры сты Хъуыдинæйы бинонтæ? ( чызджы æфсымæртæ агурынц Хуысинæйæ, цæмæй сæ маст, се`фхæрд сисой.).
— Чызджы фыд Тасолтан та йæхи куыд дары? (Бацыд хæдзармæ. Æрхæндæгæй тъахтиныл æрбадт. Зæронд зæрдæ – хæлддзаг мæсыг. Бады, цæссыгтæ æнцъылд рустыл уырдыгмæ згъорынц. Йæ кæуын мондæгтæ æнæ сдзургæйæ уадзы. Æдде, хъæуы хистæрты цур афтæ гæнæн нæй).
— Уыдон цæуыл дзурæг сты? ( Ирон æгъдауыл хæст лæг кæй у, ууыл. Нæлгоймаг, фыдыл кæуын нæ фыдыдта.
— Тасолтан æцæг ирон хистæр кæй у, уый кæм рабæрæг вæййы? ( Хуысинæ йæхи къахæй æрбацыд, кæй бафхæрдта, уыцы зæронд лæджы хæдзармæ. Тасолтан æй хъуамæ бафхæрдтаид йæхи æфхæрд æмæ мæсты ныхмæ, фæлæ уый…).
— Куыд равдыста автор æцæг ирон хистæры хъару, йæ куырыхондзинад?
— Йæ хъару цæй мидæг ис?(Хиуыл хæцгæйæ, кæстæры ныхасмæ лæмбынæг байхъуыста, раст тæрхон скодта Хуысинæйæн.)
— Йæ хъару, йæ лæгдзинад та цæй мидæг уыдис?(Нæ фæтарст мæлæтæй, йæхи нæ бамбæхста хистæры тæрхонæй, фæрæдыд æмæ йæ рæдыдыл басаст, йæхи къахæй æрбацыд, карз тæрхон ын чи рахастаид, уый размæ.)
— Хуысинæйæн йæ рæдыд цæй мидæг уыд?( Ирон æгъдауы сæрты ахызт).
— Цæмæн ныххатыр кодта хæронд Тасолтан Хуысинæйæн йæ чызджы скъæфт æмæ мæлæт, йæхи æфхæрд?(Æмбæрста, фыдæлты талынг æгъдæуттæ (ирæд фидын) æмæ йæ кæй æркодтой цъысым.
— Æппæты тынгдæр Тасолтаны хъару зонд æмæ куырыхондзинад цавæр эпизоды рабæрæг сты?(«Уыцы аз хъæубæстæ æвдисæн уыдысты, Иры дзыхъы чи нæма æрцыд, ахæм хъуыддагæн: Тасолтан йæ дыккаг чызг Мæдинæйы Хуысинæйæн радта».
Тасолтанмæ разынд ахæм хъару, æмæ ахызт фыдæлты талынг æгъдæутты сæрты, фæуæлахиз йæ рухс зонд æмæ
адæймагуарзондзинад (гуманизм).
— Ацы радзырды цы цаутæ æвдыст æрцыди, хистæр æмæ кæстæры æхсæн цы ахастдзинадтæ ис, уыдон и сиу æмбисондæй зæгъæн: «Кæстæр- рæдийаг, хистæр- барæг».
— Цавæр æмбисæндтæ зонут хистæры тыххæй?
IV.Саразын конкурс « Чи хуыздæр зоны æмбисæндтæ ацы темæйыл».
Кæнæ та рагацау цæттæгонд æмбисæндтæ кæронмæ ахæццæ кæнæнт ахуырдзаутæ. Развæлгъау сæ ис ныффыссын сæрмагонд плакатыл.
¨ Хистæр зондамонæг, кæстæр – æгъдаухæссæг.
¨ Хистæрæн йæ фындз асæрф æмæ йæ зондæй бафæрс.
¨ Зондджын хистæр дзуар у.
¨ Хистæры хорз зондæй кæстæр рæзы.
¨ Кæстæрæн хистæры разæй дзурыны фæтк нæй.
¨ Хистæрмæ цы кæстæр нæ хъуса, уый йæхицæн фыдбылыз у.
¨ Хистæры ныхас Хуыцауыл тынгдæр æмбæлы.
¨ Хистæры коммæ кæсын хъæуы.
¨ Кæстæр хистæры фæзмаг вæййы.
¨ Хистæры фарн бирæ у.
¨ Кæстæртæ хистæртæй хуыздæр куы нæ цæуой уæд мыггаг сæфтмæ цæуы.
¨ Æнæ хистæр æмæ æнæ кæстæр хæдзарæн цæрæн нæй.
¨ Кæстæр хистæры кæм нал зона, уым цард нæй.
¨ Хистæрæн – кад, кæстæрæн – рад.
¨ Нарт хистæр – дзæбæх æмæ кæстæр – арæхæн уыдысты.
— Бамбарын кæнут æмбисæндты хъуыды.
Ахуыргæнæджы ныхас: — Ирон адæм кæддæриддæр тыхджын уыдысты се`гъдауæй. Кадæг «Нарты æмбырд», зæгъгæ, уым нарты хистæртæ сæ дзыллæйы сæрыл дзургæйæ афтæ дзырдтой «Нарт, нарт уæд уыдысты, арв сæ нæрын уæд нæ уæндыди, æмæ мæлын куы зыдтой сæ дзыллæйы сæрыл. Нарт, нарт уæд уыдысты æмæ нæртон адæймаджы дзыхæй рæстдзинады йедтæмæ куы ницы ирвæзти. Нæ дзыллæ дзыллæ уæд уыдысты, æмæ сæ сæр сæрмæ куы хастой. Нæ адæм адæм уæд уыдысты, æмæ нæ кæстæр хистæры куы нымадта, кад ын куы лæвæрдта, кæрæдзимæ куы хъуыстой…»
Ахуыргæнæг: Нæ фыдæлтæ ирон æгъдæуттæ хорз кæй зыдтой, уый дызæрдыггаг нæу. Зындгонд ахуыргонд В.Миллер афтæ фыста уый тыххæй: «В бедной осетинской сакле этикет соблюдается строже, чем в европейских раззолоченных палацах».
— Цыма мах та куыд хорз зонæм уыцы этикет, уыцы æгъд Цыма мах та куыд хорз зонæм уыцы этикет, уыцы æгъдæуттæ?
V.Викторинæ: « Куыд зонæм нæ фыдæлты æгъдæуттæ хорз».
Фарстатæ:
1.Нарты хистæртæ чи уыдысты? (Уæрхæг, Уырызмæг, Хæмыц).
2.Ирон хæдзары уыныффæгæнæг чи уыдис? (Хæдзары хистæр).
3.Хæргæ – хæрын фынджы уæлхъус чи бадтис?
4.Къæбицы дæгъæлтæ кæмæ уыдысты? (Хистæр æфсин – нанамæ).
5. Хистæры уынаффæйæн аивæн уыд? (Нæ уыд).
6. Мад æмæ фыд хистæрты раз сæ сывæллæтты сæ хъæбымæ истой? (нæ истой, уый уыд худинаг).
7. Нæлгоймаг — уазæджы размæ – иу чи ракастис? Сылгоймаг – уазæгмæ та?
8.Кæстæрæн хистæр ы «цума» йæн йæ бон « нæ « зæгъын уыдис?
9. Хистæр хæдзармæ куы æрбахиза, уæд кæстæртæсæхи куыд дардтой?
10. Ныхасы рæзты сылгоймагæн цæуыны бар уыдис?
11. Кæстæр хистæрæн йæ ныхас иста?
12. Ронбæгъд, уæгъд æгъдæуттимæ хистæры размæ æмбæлыди кæстæрæн цæуын?
13. чи хъуамæ ратта йæ къух: хистæр кæстæрмæ æви кæстæр хистæрмæ?
14. Кæстæр æнæзонгæ нæлгоймагмæ æмæ сылгоймагмæ цавæр номæй фæдзуры? (нæ мады хай, нæ фыды хай).
15. Ныхасы лæууæг кæстæртæй дæ иуимæ аныхас кæнын хъæуы. Куыд æм хъуамæ фæдзурай? ( фыццаг хистæрæй бар ракур).
16. Раздæр ирон адæм фембæлгæйæ кæрæдзийæн салам куыд лæвæрдтой?( кæрæдзийы къухтæ истой, хъæбыстæ кодтой, бата кодтой).
VI.Урочы кæронбæттæн.хатдзæгтæ скæнын, эпиграфимæ йæ бабæттын
VII. Ирæд» хи ныхæстæй дзурын зонын.
метки: Уыдыст, Сгуыт, Уыдис, Уыдон, Рагфыд, История, Хохаг, Кодта
«Сочинение Ирон адамы истори ама цыртдзаванта»
Ирон адæмы истории æмæ цыртдзæвæнтæ
Фыдæлты мæсгуытæ
(Скъуыддзаг
Фыдæлты мæсгуытæ
Нæ хæхбæсты джихæй лæууынц,
Фыдæлты мæсгуытæ
Уæларвмæ дзыназынц, кæуынц.
Кæддæр та сæ сæрты
Нæ уæндыдис цъиу дæр тæхын,
Кæддæр та сæхицæй
Тыхджындæр нæ уыдис зæххыл.
Æнусæй-æнусмæ
Сæ мидæг туг калд æмæ калд.
Æнусæй-æнусмæ
Æппæт кæмттыл хъуысыд сæ кад.
Цæрукъаты Алыксандр
Мах цæрæм XXI æнусы. Нырыккон дуне афтæ тагъд ивы, æмæ йæ хатгай адæймагæн йæ бон аййафын нæ вæййы. Фæлæ нын рохгæнæн нæй, чи уыдысты нæ рагфыдæлтæ, цы хорздзинæдтæ ныууагътой сæ байзæддæгтæн, уый. Уыимæ хъуамæ æмбарæм, мах абоны истори кæй аразæм, уый. Райсом махæй кæйдæрты тыххæй чингуыты кæсдзысты ног фæлтæртæ, æмæ махæй кæнгæ у, уыцы чингуытæ кадджытæ уыдзысты æви хуымæтæг статистикæ, уый.
Ирон адæмæн ис рагон истории. Нæ фыдæлтæн – скифтæн æмæ алантæн – сæ ном арвнæрæгау хъуыст Азийы æмæ Европæйы быдырты. Сæ хæстон балцытæй æмризæджы рызтысты паддзахтæ æмæ императортæ, уымæ гæсгæ семæ кодтой цæдис æмæ хæстæгдзинад, агуырдтой сæ æххуыс æмæ харзæх.
Æмæ канд хæстон сгуыхтытæй нæ уыдысты номдзыд нæ фыдæлтæ, уымæн æмæ уыдон æнтысджынæй кодтой фос æмæ зæххы куыст. Арæзтой куырдадзтæ æмæ гæнæхтæ, сахартæ æмæ аргъуантæ. Се ῾хсар куыд фидар уыд, афтæ тыхджын уыд сæ зонд, сæ курдиат дæр.
Ирон мæсгуытæ сæ кондæй дисы æфтауынц дунейы дзыллæты. Нæ рагфыдæлтæ дæсны уыдысты егъау мæсгуытæ, фидæрттæ æмæ цæрæн хæдзæрттæ аразынмæ. Уыдон архайдтой æрдзы æмæ хæстон царды фадæттæм гæсгæ. Хохаг хæдзæрттæ уыдысты тъæпæнсæр, кæрæдзиуыл ныхæст, æмæ-иу хъæу уыдис хæстон фидары хуызæн. Нæ рагфыдæлты мæсгуытæ уыдысты цыппæрдигъон, сæ цъуппытæ та арæхдæр – тъæпæн, цæмæй сæ дымгæ ма фехæлдтаид. Сæ дуæрттæ уыдысты бæрзонд, æмæ сæм æнæ асинæй схизæн нæ уыдис. Мæсгуыты бын уыдис рацæуæнтæ адæмæн, фосæн. Хæхбæсты ма арæзтой кувæндæттæ æмæ зæппæдзтæ дæр. Хохаг архитектурæйы бирæ цыртдзæвæнтæ,
махмæ æрхæццæ сты незамантæй. Зæгъæм:
Хохы Дыгурмæ тæккæ бацæуæн кулдуар хуыйны Æхсинтæ. Ацы ран Æрæфы дон дыууæ дихи фæкодта айнæг къæдзæх. Уæлдæр куыд загътам, афтæмæй Æхсинтæ Дыгургоммæ кулдуары хуызæн сты. Бирæ æнусты дæргъы ауылты знæгтæн зын æрбацæуæн уыди. Мидхæсты рæстæджы дзы уыдис стыр тохтæ æрыгон Советон республикæйы знæгтимæ.
Дарддæр куы ῾ркæсæм Мидæгрæбыны æхсæрдзæнтæ… Цæгат Ирыстоны æрдзы диссæгтæй иууыл банымайæн ис Мидæгрæбыны æхсæрдзæнтæ. Уыдон сты Джызæлдоны райдайæны Мидæгрæбыныдоны рахиз фарс. Уыдон афтæ бæрзондæй кæлынц,æмæ адæймаг афтæ фенхъæлы, цыма арвæй æмуырдыг хауынц. Кæй зæгъын æй хъæуы, уæлдай рæссугъддæр вæййынц сæрдыгон, доны æртæхыл арвæрдын куы сæрттивы, уæд.
4 стр., 1933 слов
По осетинскому языку фаззаг ирыстоны
… ирон адӕм, ирон ӕвзаг никуы фесӕфдзысты а дунейӕ! Конспект сценария мероприятия на тему «Къостайы фаззаг» Углубить знания детей о великом осетинском поэте, основоположнике осетинского языка … родному языку. Сочинение по осетинскому языку «Язык- наше … уарзон … рд уыдис … ӕ бафтыд уыдон, ӕмӕ … иртæстон хауæны … ма нӕ скъолайы стыр бӕрӕгбон куы вӕййы, уӕд скъоладзаутӕ иууылдӕр фӕзарынц Уӕрӕсейы гимн, стӕй Ирыстоны …
Ирыстоны тынг бирæ рæссугъд дзæнæтон бынæттæ ис, иуыл цæ адæймаг нæ ранымайдзæн…
Мæ нывæцæны кæронбæттæны мæ , фæнды зæгъын; дæ Райгуырæн бæстæйы, дæ адæмы ивгъуыд заманты истории куы нæ зонай, уæд зын цæрæн у. Ныртæккæ мах цы дуджы цæрæм, уый равзæрд тынг раджы, стæй бирæ фæлтæрты фæллой æмæ зондæй. Уыцы æнæкæрон бирæ хъæздыгдзинæдтæй та пайда кæны алы адæймаг дæр, дунемæ куы фæзыны, уæдæй йæ амæлæтмæ…
2